Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 25:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Павел куы ӕрбацыд, уӕд Йерусалимӕй ӕрцӕуӕг иудейӕгтӕ ӕрлӕууыдысты йӕ алыварс, азымджын ӕй кодтой бирӕ уӕззау фыдракӕндты, фӕлӕ сӕм бӕлвырд ӕвдисӕнӕй ницы уыд.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Апостолты хъуыддӕгтӕ 25:7
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Рафӕлдахын кӕн дӕ фыдӕлты зӕрдылдарӕн хабӕртты чиныг ӕмӕ дзы бакӕсдзынӕ, Йерусалим, змӕнтгӕ чи кӕны, паддзӕхтӕн дӕр ӕмӕ бӕстӕйы алы кӕрӕттӕн дӕр зиан чи хӕссы, ахӕм сахар кӕй у, уый. Рагӕй-ӕрӕгмӕ дӕр уисӕн нӕ кӕны ӕмӕ дӕрӕнгонд дӕр уый аххосӕй ӕрцыдис.


Уыйадыл Аман паддзах Ксерксӕн загъта: «Иу адӕмыхатт ис, дӕ бӕстӕйы алы кӕрӕтты иннӕ адӕмты ’хсӕн чи ныппырх ис. Се ’гъдӕуттӕ уыдонӕн бынтон ӕндӕр сты, стӕй уыдон паддзахы уынаффӕтӕ дӕр не ’ххӕст кӕнынц. Паддзах та сын уыцы бар хъуамӕ ма дӕтта. Кӕд паддзахӕн фӕндон у — сӕ ныццӕгъдыны уынаффӕ рахӕссӕд, ӕмӕ уӕд ӕз къазнадартӕн дӕс мин таланты ӕвзист ратдзынӕн, ӕмӕ сӕ паддзахы къазнамӕ бафтаудзысты».


Дӕ хорзӕхы аккаг скӕн, чи Дӕ зоны, уыдоны, Дӕ рӕстады фарнӕй схайджын кӕн рӕстзӕрдӕты!


Уӕд Йерусалимӕй Йесомӕ ӕрбацыдысты фарисейтӕ ӕмӕ динамонджытӕ ӕмӕ Йын загътой:


Хистӕр сауджынтӕ ӕмӕ динамонджытӕ дӕр уыдысты уым ӕмӕ карзӕй дзырдтой Йӕ ныхмӕ, азымджын Ӕй кодтой.


Уым Ӕй райдыдтой аххосджын кӕнын: «Мах сбӕлвырд кодтам, ацы адӕймаг нын адӕмы кӕй халы, уый. Кесӕрӕн хъалон фидын нӕ уадзы ӕмӕ Йӕхи хоны Чырысти, ома Паддзах».


Хъӕр систой: «Израилӕгтӕ, баххуыс кӕнут! Ацы адӕймаг алкӕй дӕр ӕмӕ алы ран дӕр ахуыр кӕны нӕ адӕмы, Ӕгъдауы ӕмӕ ацы бынаты ныхмӕ. Суанг ма муртаттӕгты дӕр бахуыдта Кувӕндонмӕ ӕмӕ фӕчъизи кодта ацы сыгъдӕг бынат!»


Ӕмӕ сӕм ныр, цӕмӕй мӕ зылын кӕнынц, уый тыххӕй дӕм цы бавдисой, уый нӕй.


Фест загъта: «Паддзах Агриппӕ ӕмӕ, ам немӕ чи ис, уыцы хорз адӕм! Сымах уынут, Йерусалимы дӕр ӕмӕ ам дӕр иудейӕгтӕ иууылдӕр мӕнмӕ сӕ хъаст кӕуыл хастой ӕмӕ йын удӕгасӕй ныууадзӕн нӕй, зӕгъгӕ, кӕй тыххӕй хъӕр кодтой, уыцы адӕймаджы.


Мах муртаттӕгтӕн хъусын кӕнӕм Фарны Уац сӕ фервӕзыны сӕраппонд, ӕмӕ нын иудейӕгтӕ ӕвӕрынц цӕлхдуртӕ. Афтӕмӕй ӕдзух ӕфтауынц тӕригъӕд тӕригъӕдыл — афтӕ сын сбирӕ сты, ӕмӕ сӕ ӕппынфӕстаг баййӕфта Хуыцауы азар.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ