Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 25:23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

23 Дыккаг бон Агриппӕ ӕмӕ Верникӕ ӕфсӕддон хицӕуттимӕ ӕмӕ сахары уӕздӕттимӕ хъӕздыгарӕзтӕй бацыдысты тӕрхондонмӕ, ӕмбырды уатмӕ. Фесты бардзырдмӕ гӕсгӕ ӕрбакодтой Павелы.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Апостолты хъуыддӕгтӕ 25:23
18 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ӕнӕхъӕн сӕдӕ ӕстай боны дӕргъы Ксеркс йӕ паддзахады бирӕ мулк ӕвдыста, йӕ диссаджы исбонӕй ӕппӕлыд.


«Алцы дӕр аивгъуыйы, алцӕмӕн дӕр кӕрон ӕрцӕуы».


Мӕрдтыбӕстӕм ӕппӕрст ӕрцыди де схъӕлдзинад дыууадӕстӕнонты цагъдимӕ. Уаллӕттӕй дын — гобан, уаллӕттӕ — дӕ хъӕццул дӕр.


Уӕрӕх байгом ис мӕрдтыбӕстӕн йӕ ком — ӕмхуызонӕй аныхъуырдзӕни уӕздӕтты ӕмӕ сау адӕмы, хъӕлӕба ӕмӕ цин чи кодта, ӕппӕт уыдоны.


Тахпанхесы сахары мидӕг Мысыры ӕфсондз куы ныппырх кӕнон, уӕд уым батар уыдзӕни бон. Мысыр сӕрыстыр кӕмӕй у, йӕ уыцы хъомысӕн кӕрон ӕрцӕудзӕн. Мигъы бын фӕуыдзӕни Мысыр, йӕ сахарты адӕм та бахаудзысты уацары.


Тыхгӕнджыты кардӕй бабын уыдзысты дӕ адӕм. Уыдон сты адӕмты фыддӕртӕ ӕмӕ бабын кӕндзысты Мысыры ӕфсад, сӕрыстыр кӕмӕй у, уый. Йӕ адӕм иууылдӕр цагъды фӕуыдзысты.


Бӕстӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзынӕн, кӕрон ӕрцӕудзӕн, сӕрыстыр кӕмӕй уыд, йӕ уыцы хъомысӕн. Израилы хӕхтӕ сафтид уыдзысты, иу цӕуӕг сыл нал уыдзӕн.


Ӕз ӕрбакӕндзынӕн адӕмты фыддӕрты, ӕмӕ сын уыдон сӕ хӕдзӕрттӕ байсдзысты. Уӕд тыхджынты хъалдзинадӕн кӕрон скӕндзынӕн, ӕмӕ сӕ уаз бынӕттӕ фӕчъизи уыдзысты.


Уайсахат ӕппӕт уыдӕттӕ Навуходоносорыл ӕрцыдысты. Адӕмы ’хсӕнӕй тард ӕрцыди, галау кӕрдӕг хордта ӕмӕ ӕрвон ӕртӕхӕй йӕхи ӕхсадта. Йӕ сӕрыхъуынтӕ цӕргӕсы систау разадысты, йӕ ныхтӕ та уыдысты маргъы ныхтау.


Иродиадӕйӕн фадат фӕзынди Ироды гуырӕнбоны. Ирод куывд скодта ӕмӕ йе ’лдӕрттӕ, ӕфсӕддон хицӕуттӕ ӕмӕ Галилейы уӕздӕтты фӕхуыдта.


Нысангонд бон Ирод паддзахы дарӕсы сбадти къӕлӕтджыны ӕмӕ дзырдта семӕ.


Агриппӕ ӕмӕ Верникӕ цалдӕр боны фӕстӕ паддзах Фестӕн ӕгасцуай зӕгъынмӕ ӕрцыдысты Кесаримӕ.


Павел афтӕ куы загъта, уӕд паддзах, бӕстӕйы хицау, Верникӕ, стӕй, семӕ чи бадт, уыдон иууылдӕр сыстадысты.


Фӕлӕ йын Бардарӕг загъта: «Ацу, Ӕз ӕй Мӕхицӕн кусӕгӕн сӕвзӕрстон, цӕмӕй Мӕ ном фехъусын кӕна муртаттӕгтӕн, паддзӕхтӕн ӕмӕ Израилы адӕмӕн.


Ацы дунейы хорзӕхтӕй чи пайда кӕны, уыдон хъуамӕ уой афтӕ, цыма нӕ пайда кӕнынц. Уымӕн ӕмӕ, мах цы дуне уынӕм, уымӕн йӕ кӕрон ӕрцӕуы.


Скӕсы хур, ӕмӕ йӕ тӕвдӕй дидинӕг бахус вӕййы ӕмӕ ӕрызгъӕлы, йӕ рӕсугъддзинад ӕрбайсӕфы. Афтӕ хъӕздыг дӕр: йӕ хъуыддӕгтӕ аразгӕйӕ баруайдзӕн.


Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Адӕймаг кӕрдӕджы хуызӕн у, йӕ кады ӕрттывд — быдираг дидинӕджы ӕнгӕс: кӕрдӕг бахус ис, ӕмӕ дидинӕг ӕрызгъӕлди,


Уымӕн ӕмӕ, дунейы цыдӕриддӕр ис — тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды монцтӕ, цӕсты монцтӕ ӕмӕ хъал царды цӕстӕй кӕсын, — уыдон Фыдӕй ратгӕ не сты, фӕлӕ сты ацы дунейӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ