Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 25:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Фӕлӕ сын йемӕ уыди цыдӕр быцӕутӕ: сӕ дины ӕмӕ, Чи амард, уыцы цавӕрдӕр Йесойы тыххӕй — Павел дзырдта, удӕгас у, зӕгъгӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Апостолты хъуыддӕгтӕ 25:19
14 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Иоанны аргъуыды заманӕй Йесойы уӕлӕрвтӕм систы онг — иудадзыг немӕ чи уыд, уыцы лӕгтӕй иуы. Уый дӕр махау хъуамӕ ӕвдисӕн уа Йесойы райгасӕн».


Уымӕн ӕмӕ снысан кодта, Кӕй сӕвзӕрста, уыцы Адӕймаджы фӕрцы „дунейӕн ӕнӕхӕрам тӕрхон рахӕссыны бон“. Афтӕ кӕй уыдзӕн, уый алкӕмӕн дӕр равдыста, мӕрдтӕй Йӕ кӕй райгас кодта, уымӕй».


Фӕлӕ кӕд ныхӕстыл, нӕмттыл ӕмӕ уе ’Гъдауыл у уӕ быцӕу, уӕд уӕ бар уӕхи. Ахӕм хъуыддӕгты уын ӕз тӕрхонгӕнӕг нӕ уыдзынӕн».


Бахӕццӕ сты Эфесмӕ. Уым ныууагъта Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕйы, йӕхӕдӕг та синагогӕмӕ бацыд ӕмӕ иудейӕгтимӕ ныхас кӕнын райдыдта.


Йесойы Хуыцау райгас кодта, ӕмӕ уымӕн мах не ’ппӕт дӕр стӕм ӕвдисӕнтӕ.


Ӕмӕ базыдтон: азымджын ӕй кӕнынц, се ’Гъдаумӕ чи хауы, ахӕм быцӕйуаг фӕрстыты, фӕлӕ мӕлӕты кӕнӕ ахӕстоны аккаг цы уа, ахӕм азым ӕм нӕ арынц.


Зылынгӕнджытӕ сыстадысты йӕ ныхмӕ, ӕмӕ, ӕз цы фыдракӕндтӕй ӕнхъӕл уыдтӕн, уыдонӕй йӕ иуӕй дӕр нӕ базылын кодтой.


Павел куы ӕрбацыд, уӕд Йерусалимӕй ӕрцӕуӕг иудейӕгтӕ ӕрлӕууыдысты йӕ алыварс, азымджын ӕй кодтой бирӕ уӕззау фыдракӕндты, фӕлӕ сӕм бӕлвырд ӕвдисӕнӕй ницы уыд.


Уӕлдайдӕр та уымӕн, ӕмӕ ды хорз зоныс иудейӕгты ӕппӕт ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ дзырддаг фӕрстытӕ. Уымӕ гӕсгӕ дӕ курын, фӕразонӕй мӕм байхъус.


дӕн удӕгас. Ӕз уыдтӕн мард, фӕлӕ мӕнӕ цардӕгас дӕн мыггагӕй-мыггагмӕ! Мӕнмӕ сты мӕрдтыбӕстӕйы ӕмӕ мӕлӕты дӕгъӕлтӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ