Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 25:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Кӕд ӕз, амарыны аккаг цы у, ахӕмӕй исты ракодтон, уӕд цӕттӕ дӕн мӕлӕтмӕ. Фӕлӕ кӕд, азымджын мӕ цӕмӕй кӕнынц, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕрымысгӕ сты, уӕд мӕн сӕ къухмӕ раттын никӕй бон у. Ӕз домын кесӕры тӕрхон».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Апостолты хъуыддӕгтӕ 25:11
17 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

кӕд искуы сидзӕрмӕ мӕ къух систон, тӕрхон мӕ фарс кӕй уыдзӕн, уый ныфсӕй,


Йеремиа паддзах Цедекиайӕн ноджы загъта: «Цӕмӕй фӕаххосджын дӕн дӕ разы, стӕй дӕ лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ дӕ адӕмы раз? Ныккӕнды мӕ цӕй тыххӕй ныппӕрстат?


Фӕлӕ Павел загъта: «Мах, ромаг граждӕнты, ӕнӕ тӕрхонӕй куы надтой ӕппӕт адӕмы раз ӕмӕ нӕ ахӕстоны куы баппӕрстой, уӕд нӕ ныр сусӕгӕй уадзынц? Уымӕн уӕвӕн нӕй. Ӕрцӕуӕнт ӕмӕ нӕ сӕхӕдӕг ракӕнӕнт ардыгӕй».


Павел йӕ дзых дӕр нӕма байгом кодта, афтӕ Галлион иудейӕгтӕн загъта: «Иудейӕгтӕ, исты фыдбылыз кӕнӕ фыдракӕнд куы ӕрцыдаид, уӕд мын ӕфсон уыдаид сымахмӕ байхъусынӕн.


Фӕлӕ йӕ нӕмыны тыххӕй куы сбастой, уӕд Павел йӕ фарсмӕ лӕууӕг сӕдӕйыхицауӕн загъта: «Ау, сымахӕн ромаг гражданины ехсӕй нӕмыны бар ис, уыимӕ ӕнӕ тӕрхонӕй?»


Павел загъта: «Ӕз кесӕры тӕрхоны раз лӕууын, ӕмӕ мын тӕрхон ам хъуамӕ кӕной. Ды дӕр хорз зоныс: ӕз иудейӕгты хъыджы ницӕмӕй бацыдтӕн.


Уӕд Фест аныхас кодта йӕ уынаффӕдоны уӕнгтимӕ ӕмӕ дзуапп радта: «Ды ӕрдомдтай кесӕры тӕрхон ӕмӕ ацӕудзынӕ кесӕрмӕ».


Фӕлӕ Павел ӕрдомдта, цӕмӕй йӕ ныууадзой ахӕстоны, цалынмӕ кесӕр уынаффӕ рахӕсса, уӕдмӕ. Уӕд ӕз бардзырд радтон, цалынмӕ йӕ кесӕрмӕ арвитон, уӕдмӕ йӕ ахӕстоны куыд дарой».


Фӕлӕ ӕз куыд сбӕрӕг кодтон, афтӕмӕй, амарӕн ӕй цӕй тыххӕй ис, ахӕмӕй ницы сарӕзта. Ӕрмӕст йӕхӕдӕг кесӕры тӕрхон кӕй ӕрдомдта, уымӕ гӕсгӕ йӕ сфӕнд кодтон уымӕ арвитын.


Агриппӕ загъта Фестӕн: «Кесӕры тӕрхон куы не ’рдомдтаид, уӕд ацы адӕймаджы суӕгъдгӕнӕн уаид».


Фӕлӕ иудейӕгтӕ ныхмӕ кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ ӕрдомдтон кесӕры тӕрхон — ӕндӕр гӕнӕн мын нӕ уыд. Ӕмӕ ӕз афтӕ мӕ адӕммӕ исты азым ӕрхӕссыны охыл нӕ бакодтон.


Бардарӕг Йесойы дӕр ӕмӕ пехуымпарты дӕр иудейӕгтӕ амардтой, мах та фӕсырдтой; Хуыцау дӕр сӕ ныхмӕ у, ӕмӕ ӕппӕт адӕмӕн дӕр знӕгтӕ сты.


«Хуыцӕутты Хуыцау — Дунедарӕг! Хуыцӕутты Хуыцау — Дунедарӕг! Уый йӕ зоны, ӕмӕ йӕ Израилы адӕм дӕр зонӕнт! Кӕд мах Дунедарӕджы ныхмӕ рацыдыстӕм, стырзӕрдӕ Йыл кӕнӕм, уӕд нӕ тӕккӕ абон Дунедарӕджы фыдӕх баййафӕд!


Давид йӕ мидзӕрдӕйы загъта: «Искуы Саулы къухӕй сӕфдзынӕн, ӕмӕ мын филистимӕгты бӕстӕм алидзынӕй хуыздӕр амал нӕй. Уӕд йӕ ныфс асӕтдзӕни Саулӕн ӕмӕ мӕ нал агурдзӕн Израилы алы къуымты, ӕмӕ дзы афтӕмӕй фервӕздзынӕн».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ