27 Фӕлӕ дыууӕ азы фӕстӕ Феликсы раивта Порций Фест. Фӕлӕ Феликс, иудейӕгты зӕрдӕ балхӕныны тыххӕй, Павелы ахӕстоны ныууагъта.
Адӕмӕн сӕ фылдӕр галиу хъуыддаджы фарс сты, зӕгъгӕ, уӕд ды уыдоны ма фӕзм ӕмӕ тӕрхоны мидӕг рӕстдзинады сӕрты ма хиз фылдӕры зӕрдӕ балхӕнынӕн.
Адӕмы раз тас кӕмӕ ис, уымӕн уый — йӕ ахсӕн хыз, Дунедарӕгыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уый — ӕдас.
Бӕндӕнтыл уӕлӕмӕ схӕцыдысты, ӕмӕ Йеремиайы цъайӕ систой. Уый фӕстӕ Йеремиа хъахъхъӕнджыты кӕрты баззад.
Уӕд Пилат, адӕмы зӕрдӕ балхӕныны охыл, Вараввӕйы ахӕстонӕй рауагъта, Йесойы та ехсӕй фӕнӕмын кодта ӕмӕ Йӕ дзуарыл байтындзынмӕ радта.
Ацы хъуыддаг иудейӕгтӕн ӕхсызгон кӕй у, уый куы федта, уӕд ӕй бафӕндыд Петры дӕр ӕрцахсын. Уый уыди Донгонд дзулты бӕрӕгбоны рӕстӕг.
«Дӕ зылынгӕнджытӕ дӕр куы ӕрцӕуой, уӕд дын ӕркӕсдзынӕн дӕ хъуыддагмӕ». Ӕмӕ бардзырд радта, цӕмӕй йӕ Ироды галуаны ахстӕй дарой.
Фест бӕстӕйы хицауы бынат куы бацахста, уӕд ӕртӕ боны фӕстӕ Кесарийӕ ацыд Йерусалиммӕ.
Уым фесты дзӕвгар рӕстӕг. Фест паддзахӕн радзырдта Павелы хъуыддаджы тыххӕй ӕмӕ йын загъта: «Ам ис, Феликс ахӕстоны кӕй ныууагъта, ахӕм адӕймаг.
Фӕлӕ сын Фест дзуапп радта: «Павел Кесарийы ахӕстоны ис, стӕй рӕхджы мӕхӕдӕг дӕр уырдӕм ацӕудзынӕн.
Фесты фӕндыд иудейӕгты зӕрдӕ балхӕнын, ӕмӕ Павелы бафарста: «Фӕнды дӕ Йерусалиммӕ ацӕуын, цӕмӕй дын, азымджын дӕ цӕмӕй кӕнынц, уыдӕтты тыххӕй уым рахӕссон тӕрхон?»
Агриппӕ загъта Фестӕн: «Кесӕры тӕрхон куы не ’рдомдтаид, уӕд ацы адӕймаджы суӕгъдгӕнӕн уаид».
Павел дыууӕ азы фӕцард, йӕхӕдӕг цы цӕрӕнуат баххуырста, уым. Чидӕриддӕр ӕм цыдис, уыдоныл-иу сӕмбӕлди зӕрдиагӕй.
Ӕз абон адӕмы хорзӕхмӕ тырнын ӕви Хуыцауы? Мыййаг, адӕмы зӕрдӕ балхӕныныл архайын? Абон дӕр ма ӕз адӕмы зӕрдӕ балхӕныныл куы архаин, уӕд Чырыстийы цагъар нӕ уаин.