Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 24:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Ӕз Йерусалиммӕ ӕрыздӕхтӕн бирӕ азты фӕстӕ, цӕмӕй баххуыс кӕнон мӕ адӕмы мӕгуыртӕн ӕмӕ нывӕндтӕ ӕрхӕссон.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Апостолты хъуыддӕгтӕ 24:17
14 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Павелы Эфесмӕ бацӕуын нӕ фӕндыд, цӕмӕй Азийы ма бафӕстиат уа. Тагъд кодта, уымӕн ӕмӕ йӕ фӕндыд, кӕд бантыса, уӕд Къуыриты бӕрӕгбонмӕ Йерусалиммӕ бахӕццӕ уӕвын.


Уымӕ гӕсгӕ ут къӕрцхъус, уӕ зӕрдыл дарут, ӕртӕ азы дӕргъы ӕхсӕвӕй-бонӕй сымахӕй алкӕй дӕр, цӕссыг калгӕйӕ, кӕй ахуыр кодтон, уый.


Уӕд Павел ахуыдта уыцы лӕгты ӕмӕ дыккаг бон семӕ ссыгъдӕг кодта йӕхи. Уый фӕстӕ бацыди Кувӕндонмӕ ӕмӕ фехъусын кодта, сыгъдӕг кӕныны бонтӕ кӕд фӕуыдзысты ӕмӕ уыдонӕй алкӕй тыххӕй дӕр нывӕндтӕ кӕд ӕрхастӕуыдзӕн.


Уыимӕ ма Феликс йӕ зӕрдӕ дардта, Павел ын ӕхца кӕй ратдзӕнис, ууыл. Уымӕ гӕсгӕ-иу ӕй арӕх ӕрбакӕнын кодта ӕмӕ ныхас кодта йемӕ.


цӕмӕй мӕ Иудейы ӕнӕуырнджытӕй бахиза, Йерусалимы сыгъдӕджытӕ та мын ме ’ххуысыл ӕхсызгонӕй сӕмбӕлой.


Уымӕ гӕсгӕ мах куырдтам Титӕй, уыцы арфӕйаг хъуыддаг куыд райдыдта, афтӕ йӕ сымахмӕ дӕр кӕронмӕ куыд ахӕццӕ кӕна.


Уымӕн ӕмӕ сымах зонут нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы хорзӕх. Йесо хъӕздыг уыди, фӕлӕ уӕ сӕраппонд Йӕхи сгӕвзыкк кодта, Йӕ гӕвзыккӕй сымах куыд схъӕздыг уат, афтӕ.


Уымӕн ӕмӕ сыгъдӕджытӕн сӕ хъуӕгты баххуыс кӕнынӕй уӕлдай уӕ уыцы лӕггад расайдзӕн бирӕ арфӕтӕ Хуыцауӕн.


Ӕрмӕст куырдтой, цӕмӕй ма рох кӕнӕм мӕгуырты, ӕмӕ ӕз зӕрдиагӕй архайын уый сӕххӕст кӕныныл.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ