33 Барджытӕ Кесаримӕ куы ӕрцыдысты, уӕд бӕстӕйы хицаумӕ радтой фыстӕг ӕмӕ йын Павелы йӕ бар ныууагътой.
«Клавдий Лисийӕ — бӕстӕйы хицаумӕ, кадджын Феликсмӕ. Фӕрнджын у.
Фондз боны фӕстӕ ӕрцыд алчер Ананиа адӕмы хистӕртимӕ, стӕй тӕрхоны дӕсны Тертуллимӕ. Уыдон бӕстӕйы хицаумӕ Павелыл бахъаст кодтой.
«Дӕ фӕрцы нӕ бӕстӕ у ӕнцад; царды ӕппӕт къабӕзты алы ран дӕр дӕ арӕхстджын разамындӕй цы ивддзинӕдтӕ цӕуы, уыдон ахъаз сты ацы адӕмы фӕрныг цардӕн. Уыдӕтты тыххӕй бузныг стӕм дӕуӕй, кадджын Феликс.
Уым фесты дзӕвгар рӕстӕг. Фест паддзахӕн радзырдта Павелы хъуыддаджы тыххӕй ӕмӕ йын загъта: «Ам ис, Феликс ахӕстоны кӕй ныууагъта, ахӕм адӕймаг.
Роммӕ куы ӕрцыдыстӕм, уӕд Павелӕн радтой йӕ хъахъхъӕнӕг ӕфсӕддонимӕ хицӕнӕй ӕрцӕрыны бар.
Филипп та февзӕрди Азоты ӕмӕ, йӕ фӕндагыл цӕугӕйӕ, ӕппӕт сахарты хъусын кодта Фарны Уац, цалынмӕ Кесаримӕ бахӕццӕ, уӕдмӕ.