Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 23:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Ӕфсӕддон хицау ныххӕцыд лӕппуйы къухыл, фӕхибар ӕй кодта ӕмӕ йӕ бафарста: «Цы зӕгъинаг мын дӕ?»

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Апостолты хъуыддӕгтӕ 23:19
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Паддзах мӕ бафарста: «Ӕмӕ дӕ куыд фӕнды?» Ӕз мӕхинымӕр уӕларвон Хуыцаумӕ скуывтон ӕмӕ загътон паддзахӕн: «Паддзах цӕра, кӕд ын фӕндон у ӕмӕ мӕ йӕ хорзӕх ис, уӕд мӕ арвитӕд Иудеймӕ, мӕ фыдӕлты ингӕнтӕ кӕм сты, уыцы сахармӕ, ӕмӕ йӕ ногӕй саразон».


Паддзах ӕй бафарста: «Цы дӕ хъӕуы, ӕхсин-паддзах Естер, цы курдиат дӕм ис? Ӕрмӕст ской кӕн, ӕмӕ дын паддзахады ӕмбис дӕр ратдзынӕн».


Ӕмӕ та дыккаг бон дӕр, фынгыл бадтысты, афтӕмӕй бафарста паддзах Естеры: «Уӕддӕр дӕ цы хъӕуы, ӕхсин-паддзах Естер? Зын — йе ской. Цыфӕнды ма уӕд — дӕ курдиат ӕххӕстыл нымай. Паддзахады ӕмбис дӕр ракуырдтай — дӕу уыдзӕн».


Ӕмӕ паддзах загъта ӕхсин-паддзах Естерӕн: «Иудейӕгтӕ Шушаны ралӕууыдысты ӕмӕ амардтой фондзсӕдӕ адӕймаджы, уыдонимӕ Аманы дӕс фырты дӕр. Цымӕ паддзахады иннӕ рӕтты та цы бакодтой? Дӕу куыд фӕнды? Цавӕр курдиат ма дӕм ис? Ӕххӕстгонд ӕрцӕудзӕн».


Сӕ фыдӕлты сын, сӕ къухтыл хӕцгӕйӕ, Мысырӕй куы ракодтон, уӕд семӕ кӕй сарӕзтон, ахӕм фидыд нӕ. Кӕд Ӕз сӕ Бардарӕг уыдтӕн, уӕддӕр уыдон уыцы фидыд фехӕлдтой, — зӕгъы Дунедарӕг. —


Йесо йӕ бафарста: «Цы дӕ фӕнды? Цӕмӕй дын баххуыс кӕнон?» Куырм Ын дзуапп радта: «Раввуни, мӕн фӕнды, цӕмӕй мӕ цӕстытӕй ракӕсон».


Йесо ныххӕцыди куырмы къухыл, ракодта йӕ хъӕуӕй, йӕ цӕстытыл ын батутӕ кодта, Йӕ къухтӕ йыл авӕрдта ӕмӕ йӕ, исты уыны ӕви нӕ, уымӕй бафарста.


Фӕлӕ йын Йесо йӕ къухыл ныххӕцыд, рабадын ӕй кодта, ӕмӕ лӕппу сыстади.


Уӕд ӕфсӕддонтӕ сӕ хицауимӕ ӕмӕ иудейӕгтӕй ӕрвыст хъахъхъӕнджытӕ Йесойы ӕрцахстой ӕмӕ Йӕ сбастой.


Уыдон Павелы ахуыдтой Ареопагмӕ ӕмӕ йын дзырдтой: «Ды цы ног ахуырад амоныс, уый базонын нӕ бон у?


Уый лӕппуйы бакодта ӕфсӕддон хицаумӕ ӕмӕ йын загъта: «Ахст Павел мӕм фӕдзырдта ӕмӕ куырдта, цӕмӕй дӕм ацы лӕппуйы ӕрбакӕнон; цыдӕр зӕгъинаг дын у».


Лӕппу дзуапп радта: «Иудейӕгтӕ баныхас кодтой дӕумӕ ӕрхатын, цӕмӕй райсом Павелы ӕркӕнай синедрионмӕ, цыма сӕ йӕ хъуыддагмӕ бӕлвырддӕр ӕркӕсын фӕнды, афтӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ