Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 23:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Уӕдӕ ныр сымах ӕмӕ синедрион фехъусын кӕнут ӕфсӕддон хицауӕн, цӕмӕй Павелы райсом сымахмӕ ӕркӕнын кӕна, цыма йын йӕ хъуыддагмӕ бӕлвырддӕр ӕркӕсынмӕ хъавут, афтӕ. Мах та цӕттӕ стӕм, цалынмӕ сымахмӕ не ’рбахӕццӕ уа, уӕдмӕ йӕ амарынмӕ».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Апостолты хъуыддӕгтӕ 23:15
14 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йехонадав ын загъта: «Дӕ сынтӕджы ӕрхуысс ӕмӕ рынчынӕфсон скӕн. Дӕ фыд дӕм бӕрӕггӕнӕг куы ӕрбацӕуа, уӕд-иу ын зӕгъ: „Мӕ хо Тамар мӕм ӕрбацӕуӕд ӕмӕ мӕм фӕкӕсӕд — мӕ разы мын хӕринаг скӕнӕд ӕмӕ мын йӕхи къухӕй бахӕрын кӕнӕд“».


Мӕ райгуырынӕй Дӕуыл фӕдзӕхст дӕн, мады гуыбыны ма куы уыдтӕн, уӕдӕй фӕстӕмӕ Ды мӕ Хуыцау дӕ.


уымӕн ӕмӕ уыдон фыдбылыз саразынмӕ, искӕй туг ныккалынмӕ тагъд кӕнынц.


Уыдон исты фыдбылыз куынӕ саразой, уӕд сыл ӕхсӕв хуыссӕг нӕ хӕцы, искӕмӕн знаггад куынӕ ракӕной, уӕд ӕхсӕвыгон фынӕй нӕ кӕнынц.


Дугъы фӕцӕйуайынц фыдбылыз аразынмӕ, ӕназым туг ныккалынмӕ. Сӕ сагъӕстӕ, сӕ фӕндтӕ сты ӕнаккаг — бастигъын, ныппырх кӕнын.


Уӕд ӕфсӕддонтӕ сӕ хицауимӕ ӕмӕ иудейӕгтӕй ӕрвыст хъахъхъӕнджытӕ Йесойы ӕрцахстой ӕмӕ Йӕ сбастой.


Иудейӕгтӕ йӕ цӕмӕй зылын кӕнынц, уый бӕлвырдӕй базоныны тыххӕй ӕфсӕддон хицау дыккаг бон Павелы суӕгъд кодта йӕ рӕхыстӕй, радта алчерты ӕмӕ ӕппӕт синедрион ӕрӕмбырд кӕныны бардзырд ӕмӕ сӕм ӕй ракодта.


Павел синедрионыл йӕ цӕст ахаста ӕмӕ загъта: «Ме ’фсымӕртӕ, абоны онг цы ацардтӕн, уымӕй Хуыцауы раз мӕ цӕсгом сыгъдӕг у».


Сӕ иутӕ саддукейтӕ, иннӕтӕ та фарисейтӕ кӕй сты, Павел уый куы базыдта, уӕд синедрионӕн хъӕлӕсыдзагӕй загъта: «Ме ’фсымӕртӕ, ӕз фарисей дӕн, фарисейы фырт. Ӕмӕ мын тӕрхон кӕнынц, мӕрдты райгасыл мӕ зӕрдӕ кӕй дарын, уый тыххӕй».


Хатыдысты йӕм, цӕмӕй сын ахӕм хорзӕх ракӕна, ӕмӕ Павелы арвита Йерусалиммӕ, сӕхӕдӕг та баныхас кодтой фӕндагыл Павелы амарыныл.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ