Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 21:40 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

40 Бар ын куы радта, уӕд Павел, асиныл лӕугӕйӕ, адӕмӕн йӕ къухӕй ацамыдта ӕмӕ, куы ӕрсабыр сты, уӕд райдыдта дзуттагау дзурын:

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Апостолты хъуыддӕгтӕ 21:40
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уыдон ын уайтагъд йӕ къӕхты бын къӕпхӕнтыл сӕ пӕлӕзтӕ ӕрытыдтой, сыкъауадындзтӕй ныууасыдысты ӕмӕ ныхъхъӕр кодтой: «Йегу сси паддзах!»


Йӕ сӕрмӕ [бердзенаг, ромаг ӕмӕ дзуттаг ӕвзӕгтыл] уыди фыст: «Ацы адӕймаг у иудейаг Паддзах».


Пилат уый куы фехъуыста, уӕд Йесойы ӕддӕмӕ ракодта ӕмӕ, Лифостротон кӕй хуыдтой, дзуттагау та — Гаввафӕ, уым ӕрбадти тӕрхонгӕнӕджы бынаты.


Йесо Йӕ дзуаримӕ ацыд, Сӕргӕхц цы бынат хуыдтой, дзуттагау та — Голгофӕ, уырдӕм.


Иудейӕгтӕй йӕ бирӕтӕ бакастысты, уымӕн ӕмӕ, Йесойы кӕм байтыгътой, уыцы бынат сахармӕ хӕстӕг уыд. Фыст уыди дзуттаг, ромаг ӕмӕ бердзенаг ӕвзӕгтыл.


Йерусалимы, Фысты кулдуары раз, ис найӕн бынат фондз ӕхгӕдсӕр тыргъимӕ, дзуттагау ӕй хонынц Вефесда.


Хабар Йерусалимы цӕрджытыл айхъуыст, ӕмӕ уыцы бынат схуыдтой „Акелдама“, ома „Тугӕйдзаг зӕхх“.


Петр сын йӕ къухӕй ацамыдта, цӕмӕй банцайой, ӕмӕ сын радзырдта, Бардарӕг ӕй ахӕстонӕй куыд ракодта, уый тыххӕй. Стӕй сын загъта: «Ацы хабар фехъусын кӕнут Йаковӕн ӕмӕ иннӕ ӕфсымӕртӕн». Уый фӕстӕ рацыди уырдыгӕй ӕмӕ араст ис ӕндӕр ранмӕ.


Павел сыстад ӕмӕ, къухӕй ацамонгӕйӕ, загъта: «Байхъусут, израилӕгтӕ, стӕй, Хуыцауӕй чи тӕрсы, уыдон!


Иудейӕгтӕ размӕ рацӕуын кодтой Александры. Уый йӕ къухӕй ацамыдта, цӕмӕй адӕм басабыр уой, ӕмӕ хъавыди дзыллӕйы раз йӕхиуӕтты сраст кӕнынмӕ.


Павел асинмӕ куы бахӕццӕ, уӕд ӕй ӕфсӕддонты бахъуыди хӕссын, уымӕн ӕмӕ йӕм адӕм лӕбурдтой.


Дзуттагау кӕй дзуры, уый куы фехъуыстой, уӕд бынтон ныхъхъус сты. Павел загъта:


Не ’ппӕт дӕр ӕрхаудыстӕм зӕххыл, ӕмӕ ӕз фехъуыстон, дзуттагау мӕм чи дзырдта, ахӕм хъӕлӕс: „Савл, Савл, цӕмӕн Мӕ ӕфхӕрыс? Зын дын у цыргъ михы ныхмӕ цӕуын“.


Ахуыргӕнинӕгты нымӕцыл куы ӕфтыд, уӕд бердзенаг ӕвзагыл дзурӕг дзуттӕгтӕ райдыдтой хъуыр-хъуыр кӕнын бынӕттон дзуттӕгтыл, ӕрвылбоны ӕххуыс куы фӕуарынц, уӕд сын сӕ идӕдз сылгоймӕгты хъулон кӕнынц, зӕгъгӕ.


Ӕмӕ сӕ ӕрӕмбырд кодтой, дзуттагау Армагеддон цы бынат хуыйны, уырдӕм.


Сӕ паддзах уыди дӕлдзӕхы зӕд. Дзуттагау йӕ ном — Аваддон, бердзенагау та — Аполлион.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ