37 Фидармӕ бацӕуӕны цур Павел ӕфсӕддон хицауӕн загъта: «Иу цыдӕр зӕгъыны бар мын дӕттыс?» Уый дзуапп радта: «Ды бердзенаг ӕвзаг зоныс?
Уымӕн ӕмӕ уын Ӕз ахӕм ӕвзаг ӕмӕ куырыхон зонд ратдзынӕн, уе знӕгтӕ ӕмбырдӕй уӕ ныхмӕ фӕлӕууын дӕр ӕмӕ уӕм сдзурын дӕр куыд нӕ бафӕразой.
Павелы фӕндыд адӕммӕ рацӕуын, фӕлӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ нӕ бауагътой.
Павел сын салам радта ӕмӕ бӕлвырд радзырдта, йӕ куысты руаджы Хуыцау муртаттӕгты ӕхсӕн цы сарӕзта, уый тыххӕй.
Адӕмӕй иутӕ иу хъӕр кодтой, иннӕтӕ та — иннӕ. Ӕфсӕддон хицауӕн змӕсты тыххӕй йӕ бон бӕлвырдӕй базонын кӕй ницы уыд, уымӕ гӕсгӕ бардзырд радта, цӕмӕй Павелы фидармӕ акӕной.
Уӕд ӕфсӕддон хицау бардзырд радта, цӕмӕй Павелы фидармӕ бакӕной ӕмӕ йӕ ехсӕй фӕнӕмой: уый фӕндыд базонын, адӕм ӕй хъӕры бын цӕмӕн фӕкодтой, уый.
Фӕлӕ быцӕу куы стынг, уӕд ӕфсӕддон хицау фӕтарст, Павелы куы аскъуыдтӕ кӕной, уымӕй. Ӕмӕ ӕфсӕддонтӕн бардзырд радта, цӕмӕй ӕрхизой, Павелы байсой адӕмӕй ӕмӕ йӕ фидармӕ акӕной.
Уыцы сусӕгвӕнды тыххӕй базыдта Павелы хойы лӕппу. Бацыди фидармӕ ӕмӕ йӕ радзырдта Павелӕн.