Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 21:31 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

31 Хъавыдысты йӕ амарынмӕ, фӕлӕ ӕфсӕддон хицаумӕ фӕхабар чындӕуыд, ӕгас Йерусалим базмӕлыди, зӕгъгӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Апостолты хъуыддӕгтӕ 21:31
19 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Адониа ӕмӕ йӕ уазджытӕн сӕ бадт кӕронмӕ куы ахӕццӕ, раст уыцы рӕстӕг сӕ хъустыл цины уынӕр ауади. Йоав куыддӕр сыкъауадындзы уасын айхъуыста, афтӕ афарста: «Цымӕ уый цӕй хъӕрахст цӕуы сахары ’рдыгӕй?»


Фӕлӕ дзырдтой: «Ӕрмӕст бӕрӕгбоны нӕ, науӕд адӕм сызмӕнтдзысты».


Уыйадыл бӕстыхицауы ӕфсӕддонтӕ Йесойы акодтой галуанмӕ, ӕмӕ ӕппӕт ӕфсӕддон хай уым Йӕ алыварс ӕрӕмбырд ис.


ӕмӕ тӕрхӕттӕ кодтой: «Ӕрмӕст бӕрӕгбоны нӕ, науӕд адӕм сызмӕнтдзысты».


Синагогӕтӕй тард ӕрцӕудзыстут. Ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ, сымах чи мара, уый афтӕ ӕнхъӕл уыдзӕн, цыма уымӕй Хуыцауӕн лӕггад кӕны.


Уӕд ӕфсӕддонтӕ сӕ хицауимӕ ӕмӕ иудейӕгтӕй ӕрвыст хъахъхъӕнджытӕ Йесойы ӕрцахстой ӕмӕ Йӕ сбастой.


Кесарийы уыдис иу лӕг, йӕ ном — Корнелий, Италиаг кӕй хуыдтой, уыцы ӕфсӕддон хайы сӕдӕйыхицау.


Уӕд иудейӕгтӕ сӕ фыр хӕлӕгӕй, сахары фӕзы ӕнаккаг адӕмӕй чи уыд, уыдонӕй цалдӕры семӕ райстой ӕмӕ ӕгас сахар сызмӕстой. Балӕбурдтой Йасоны хӕдзармӕ ӕмӕ хъавыдысты Павел ӕмӕ Силӕйы адӕмы размӕ ракӕнын.


Махӕн тӕссаг у, абон цы змӕст ӕрцыд, уый тыххӕй нӕ куы фӕзылын кӕной, уымӕй. Ацы змӕстӕн ӕфсон нӕй, ӕмӕ нӕхи сраст кӕнын нӕ бон нӕ бауыдзӕн». Уыцы ныхӕсты фӕстӕ ауагъта адӕмы.


Ӕрӕджы уыцы змӕст чи сарӕзта ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдырмӕ цыппар мин сикарийы чи акодта, уыцы мысыраг нӕ дӕ?»


Адӕм ӕм хъуыстой, цалынмӕ ацы ныхӕстӕ нӕ загъта, уӕдмӕ. Уый фӕстӕ ныхъхъӕр кодтой: «Зӕххыл хъуамӕ ма уа! Удӕгасӕй йын ныууадзӕн нӕй!»


Уӕд Павел фӕдзырдта сӕдӕйыхицӕуттӕй иумӕ ӕмӕ йын загъта: «Ацы лӕппуйы ахон ӕфсӕддон хицаумӕ, цыдӕр зӕгъынмӕ йын хъавы».


Феликс бӕстон зыдта Бардарӕджы фӕндаджы тыххӕй ӕмӕ хъуыддаг аргъӕвта фӕстӕдӕрмӕ: «Ӕфсӕддон хицау Лисий куы ’рцӕуа, уӕд уын ӕркӕсдзынӕн уӕ хъуыддагмӕ».


Уый архайдта суанг Кувӕндон фӕчъизи кӕныныл, ӕмӕ йӕ мах ӕрцахстам. [Нӕ зӕрды йын уыди нӕхи Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ тӕрхон кӕнын,


фӕлӕ ӕрцыд ӕфсӕддон хицау Лисий, лӕгдыхӕй нын ӕй байста нӕ къухтӕй,


Дыккаг бон Агриппӕ ӕмӕ Верникӕ ӕфсӕддон хицӕуттимӕ ӕмӕ сахары уӕздӕттимӕ хъӕздыгарӕзтӕй бацыдысты тӕрхондонмӕ, ӕмбырды уатмӕ. Фесты бардзырдмӕ гӕсгӕ ӕрбакодтой Павелы.


Уый тыххӕй мӕ иудейӕгтӕ Кувӕндоны ӕрцахстой ӕмӕ мӕ хъавыдысты амарынмӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ