35 ӕмӕ Дын Ӕз Де знӕгты Дӕ къӕхты бын ӕрӕвӕрдзынӕн“.
Мыггагмӕ кӕрӕдзийӕн знаг кӕнын дӕу ӕмӕ сылгоймаджы, дӕ байзӕддаг ӕмӕ йӕ байзӕддаджы. Уый дын цъӕл кӕндзӕни дӕ сӕр, ды та йын йӕ зӕвӕтыл хӕцдзынӕ».
Алелуйа! Стауын Дӕ, Дунедарӕг, ӕппӕт зӕрдӕйӕ рӕстудты ӕмбырды ӕмӕ дзыллӕйы ’хсӕн.
Арвы ныхмӕ ныххӕлиу кодтой сӕ дзыхтӕ, ӕгас зӕххыл уырзӕй сгары се ’взаг.
Паддзӕхтӕ дӕ ӕфсаддзысты хойрагӕй, ус-паддзӕхтӕ дын суыдзысты дыджызӕтӕ. Ныллӕг дын-иу акувдзысты, сдӕрдзысты дын дӕ зӕвӕтты рыг, ӕмӕ уӕд базондзынӕ: Ӕз Дунедарӕг дӕн, ӕмӕ Мыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уыдон фыдӕнхъӕл нӕ фӕуыдзысты».
Ӕмӕ Йӕ тӕрхоны амӕттаг бакӕндзӕн, Йӕ ныхмӕ чи рацыди, уыдоны, Йӕ маст райсдзӕн Йе знӕгтӕй, денджызгӕрон сахарты цӕрджыты бафхӕрдзӕни се ’наккаг хъуыддӕгты тыххӕй.
Ӕфхӕргӕ дӕ чи кодта ӕмӕ дӕ чи ницӕмӕ дардта, уыдоны фырттӕ дӕм ӕрбацӕудзысты ӕмӕ дӕ разы сӕ зонгуытыл ӕрхаудзысты. Схондзысты дӕ Дунедарӕджы, Израилы Стыр Хуыцауы сахар — Сион.
Паддзах сын уон, уый кӕй нӕ фӕндыди, мӕ уыцы знӕгты та ӕрбакӕнут ӕмӕ сӕ ам мӕ разы амарут“».
Давид уӕлӕрвтӕм не ссыди, фӕлӕ уый зӕгъы: „Дунедарӕг загъта мӕ Бардарӕгӕн: сбад Мӕ рахизфарс,
Уӕдӕ ӕппӕт израилаг адӕм фидарӕй зонӕнт: сымах Кӕй байтыгътат, уыцы Йесойы Хуыцау скодта Бардарӕг ӕмӕ Чырысти».
Ӕмӕ уын уӕд фарндӕттӕг Хуыцау рӕхджы уӕ къӕхты бын басӕтдзӕни сайтаны. Нӕ Бардарӕг Йесойы хорзӕх уӕд уемӕ. Аммен.
Ӕз федтон сырды ӕмӕ зӕххон паддзӕхты се ’фсӕдтимӕ. Уыдон ӕрӕмбырд сты Барӕджы ӕмӕ Йе ’фсады ныхмӕ хӕцынмӕ.