Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 19:38 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

38 Кӕд Димитрий ӕмӕ иннӕ ӕрмдӕснытӕ искӕмӕй хъаст кӕнынц, уӕд ис тӕрхондӕттӕ, ис хицӕуттӕ — уырдӕм бахъаст кӕнӕнт.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Апостолты хъуыддӕгтӕ 19:38
8 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Сергий Павел, цы ӕрцыди, уый куы федта, уӕд, Бардарӕджы тыххӕй цы ахуырад базыдта, уый йӕ стыр дисы бафтыдта, ӕмӕ баууӕндыд.


Вар-Йесо уыди сакъадахы хицау Сергий Павелы, тынг зондджын лӕджы, ӕввахсдӕр адӕмӕй иу. Сергий Павел фӕсидти Варнавӕ ӕмӕ Савлмӕ, фӕндыд ӕй Хуыцауы ныхасмӕ байхъусын.


Фӕлӕ Вар-Йесо (хуыдтой ма йӕ Елима дӕр, ома кӕлӕнгӕнӕг) уыди сӕ ныхмӕ ӕмӕ архайдта ууыл, цӕмӕй сакъадахы хицау уырнындзинадмӕ ма ӕрцӕуа.


Павел йӕ дзых дӕр нӕма байгом кодта, афтӕ Галлион иудейӕгтӕн загъта: «Иудейӕгтӕ, исты фыдбылыз кӕнӕ фыдракӕнд куы ӕрцыдаид, уӕд мын ӕфсон уыдаид сымахмӕ байхъусынӕн.


Иу зӕрингуырд, йӕ ном — Димитрий, ӕвзистӕй кодта сылгоймаг-хуыцау Артемидӕйы кувӕндӕттӕ ӕмӕ уымӕй ӕрмдӕснытӕн лӕвӕрдта стыр ӕфтиаг райсыны фадат.


Кӕд уын уый фаг нӕу, уӕд, ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, фарстӕн алыггӕнӕн ис адӕмон ӕмбырды.


Уӕ иу иннӕуыл куы бахъаст кӕны, уӕд уӕндгӕ та куыд бакӕны йӕ хъаст тӕригъӕдджынтӕм бахӕссынмӕ, сыгъдӕджыты бӕсты йын уыдон куыд тӕрхон кӕной, афтӕ?


Туг ныккалди, быцӕу рауади, исчи фӕцӕф ис, ӕмӕ раст тӕрхон рахӕссыныл дӕ сахары дӕ зӕрдӕ нӕ дарыс, зӕгъгӕ, уӕд фӕцу, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, цы бынат равзӕрста, уырдӕм.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ