Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 19:33 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

33 Иудейӕгтӕ размӕ рацӕуын кодтой Александры. Уый йӕ къухӕй ацамыдта, цӕмӕй адӕм басабыр уой, ӕмӕ хъавыди дзыллӕйы раз йӕхиуӕтты сраст кӕнынмӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Апостолты хъуыддӕгтӕ 19:33
11 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Куы рацыд, уӕд йӕ бон дзурын нӕ уыд, ӕмӕ адӕм бамбӕрстой, Кувӕндоны диссаг кӕй федта, уый. Йӕ къухты тылдӕй ӕмбарын кодта йӕ зӕгъинӕгтӕ, дзургӕ дӕр ӕмӕ хъусгӕ дӕр нал кодта.


Петр сын йӕ къухӕй ацамыдта, цӕмӕй банцайой, ӕмӕ сын радзырдта, Бардарӕг ӕй ахӕстонӕй куыд ракодта, уый тыххӕй. Стӕй сын загъта: «Ацы хабар фехъусын кӕнут Йаковӕн ӕмӕ иннӕ ӕфсымӕртӕн». Уый фӕстӕ рацыди уырдыгӕй ӕмӕ араст ис ӕндӕр ранмӕ.


Павел сыстад ӕмӕ, къухӕй ацамонгӕйӕ, загъта: «Байхъусут, израилӕгтӕ, стӕй, Хуыцауӕй чи тӕрсы, уыдон!


Фӕлӕ, иудейаг кӕй у, уый куы базыдтой, уӕд дыууӕ сахаты бӕрц ӕмхъӕр кодтой: «Стыр у Эфесаг Артемидӕ!»


Бар ын куы радта, уӕд Павел, асиныл лӕугӕйӕ, адӕмӕн йӕ къухӕй ацамыдта ӕмӕ, куы ӕрсабыр сты, уӕд райдыдта дзуттагау дзурын:


Бӕстӕйы хицау Павелмӕ ацамыдта, ӕмӕ уый райдыдта йӕ ныхас: «Ӕз зонын, ды ацы адӕмӕн бирӕ азты дӕргъы тӕрхонгӕнӕг кӕй дӕ, уый, ӕмӕ мын ӕхсызгон у дӕ разы мӕхи раст кӕнын.


Уе ’ппӕтмӕ дӕр ӕз хъуамӕ ахӕм цӕстӕй кӕсон, уымӕн ӕмӕ сымах цӕрут мӕ зӕрдӕйы. Уе ’ппӕт — ныртӕккӕ, ахӕстоны куы дӕн, уӕд дӕр, Фарны Уацы сӕрыл куы хӕцыдтӕн, уӕд дӕр ӕмӕ, раст кӕй у, уымӕн ӕвдисӕн куы лӕууыдтӕн, уӕд дӕр — мемӕ иумӕ архайдтат, мӕнӕн нысандгонд чи у, уыцы арфӕйаг хъуыддаджы.


Уыдонӕй сты Именей ӕмӕ Александр. Ӕз сӕ бакодтон сайтаны бар, цӕмӕй Хуыцауы фауын ферох кӕной.


Бирӕ фыдбылызтӕ мын сарӕзта ӕрхуыгуырд Александр. Бардарӕг ын бафиддзӕн йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ