20 Афтӕ Бардарӕджы ныхас парахатдӕр ӕмӕ ахадгӕдӕр кодта.
Гъе ахӕм хъысмӕт ис, Ӕз цы ныхас фӕзӕгъын, уымӕн дӕр. Пайда не ’рхӕсгӕйӕ Мӕм фӕстӕмӕ нӕ раздӕхы, фӕлӕ Мын сӕххӕст кӕны Мӕ фӕндон, саразы, цӕй тыххӕй йӕ рарвыстон, уый».
Хуыцауы ныхас та тынгӕй-тынгдӕр парахат кодта.
Сергий Павел, цы ӕрцыди, уый куы федта, уӕд, Бардарӕджы тыххӕй цы ахуырад базыдта, уый йӕ стыр дисы бафтыдта, ӕмӕ баууӕндыд.
Афтӕ ахаста дыууӕ азы, ӕмӕ Азийы ӕппӕт цӕрджытӕ — иудейӕгтӕ дӕр ӕмӕ муртаттӕгтӕ дӕр — фехъуыстой Бардарӕджы ныхас.
Парахат кодта Хуыцауы ныхас, Йерусалимы дзӕвгар ӕфтыд ахуыргӕнинӕгты нымӕцыл; сауджынтӕй дӕр бирӕтӕ баууӕндыдысты Чырыстийыл.
Кӕронбӕттӕны ма уӕ курын, ӕфсымӕртӕ: кувут мах тыххӕй, цӕмӕй Бардарӕджы Фарны Уац ӕнхъӕвза дарддӕр ӕмӕ йын алы ран дӕр кад кӕной, сымах ын куыд кад кӕнут, афтӕ.