Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 18:27 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

27 Ахаймӕ цӕуыны фӕнд ӕм куы фӕзынд, уӕд ын ӕфсымӕртӕ баххуыс кодтой, стӕй ныффыстой ахуыргӕнинӕгтӕм, цӕмӕй йыл баузӕлой. Уырдӕм куы ӕрцыд, уӕд тынг ахъаз фӕци, Хуыцауы хорзӕхы руаджы чи баууӕндыд, уыдонӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Апостолты хъуыддӕгтӕ 18:27
26 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уыцы бонты Петр ӕрлӕууыд ӕфсымӕрты раз


Ӕнӕхъӕн аз аргъуаны фесты ӕмӕ ахуыр кодтой бирӕ адӕмы. Ахуыргӕнинӕгты фыццаг хатт чырыстӕттӕ схуыдтой Антиохийы.


[Фӕлӕ Силӕйы бафӕндыд уым баззайын.]


Фӕлӕ Ахайӕн йӕ хицау Галлион куы уыди, уӕд иудейӕгтӕ ӕмвӕндӕй балӕбурдтой Павелмӕ ӕмӕ йӕ ӕрбакодтой тӕрхондонмӕ,


Павел Коринфы дзӕвгар бафӕстиат, стӕй хӕрзбон загъта ӕфсымӕртӕн ӕмӕ Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕимӕ науы ацыди Сиримӕ. Хуыцауӕн дзырд кӕй радта, уымӕ гӕсгӕ балцы размӕ Кенхрейы алвыдта йӕ сӕр.


Аполлос Коринфы куы уыд, уыцы рӕстӕг Павел ахызти хӕхбӕстӕтыл ӕмӕ ӕрцыд Эфесмӕ. Уым фембӕлд цалдӕр ахуыргӕнинагыл


Уӕд ӕй Варнавӕ акодта апостолтӕм ӕмӕ сын радзырдта, Савл фӕндагыл Бардарӕджы куыд федта, Бардарӕг йемӕ куыд дзырдта ӕмӕ Дамаскы Йесойы номыл ныфсджынӕй адӕмы куыд ахуыр кодта, ӕппӕт уыдӕттӕ.


Йесойы фӕрцы ӕз сдӕн апостол, цӕмӕй Йӕ номы сӕраппонд ӕппӕт адӕмты минӕвӕртты баууӕндын кӕнон Хуыцауыл.


Фӕлӕ ӕз, цы дӕн, уый Хуыцауы хорзӕхӕй дӕн. Ӕмӕ Йӕ хорзӕхӕй хайджын дзӕгъӕлы нӕ фӕдӕн: ӕз се ’ппӕтӕй дӕр фылдӕр бакуыстон — ӕниу, ӕз нӕ, фӕлӕ мемӕ чи ис, Хуыцауы уыцы хорзӕх.


Куы ӕрцӕуон, уӕд, аккагыл кӕй банымайат, уыдоны фыстӕджытимӕ арвитдзынӕн Йерусалиммӕ, цӕмӕй уын уӕ лӕвар фӕхӕццӕ кӕной.


Ӕз байтыдтон, Аполлос ӕй бафсӕста донӕй, фӕлӕ хор Хуыцау радта.


Хъуыддаг уый мидӕг нӕй, ӕмӕ мах уӕ уырнындзинадӕн ӕлдариуӕг кӕнӕм. Мах уе ’мкусджытӕ стӕм уӕ цины сӕраппонд, уымӕн ӕмӕ фидар у уӕ уырнындзинад.


Ӕз ӕнӕгуырысхойӕ ӕууӕндын, ма цард дарддӕр дӕр уе ’ппӕтимӕ кӕй ӕрвитдзынӕн, цӕмӕй рӕза уӕ уырнындзинад ӕмӕ зӕрдӕрухс уат.


Уымӕн ӕмӕ сымахӕн хорзӕхӕн лӕвӕрд у Чырыстийыл ӕрмӕст ӕууӕндын нӕ, фӕлӕ Йӕ сӕраппонд хъизӕмар кӕнын дӕр.


Аргъуыд исгӕйӕ, Чырыстиимӕ ӕрцыдыстут ныгӕд ӕмӕ, Йесойы мӕрдтӕй райгасгӕнӕг Хуыцауы тыхыл ӕууӕндгӕйӕ, райгас стут Йемӕ.


Салам уын дӕттынц, мемӕ ахст чи у, уыцы Аристарх, Марк — Варнавӕйы хӕстӕг (куы уӕм ӕрцӕуа, уӕд ыл баузӕлут, зӕгъгӕ, уын кӕй тыххӕй бафӕдзӕхстӕуыд, уый)


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ