Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 18:22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

22 Кесарийы рахызти науӕй ӕмӕ ӕрцыд Йерусалиммӕ. Уым аргъуаны фембӕлд уырнджытимӕ ӕмӕ араст Антиохимӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Апостолты хъуыддӕгтӕ 18:22
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Кесарийы уыдис иу лӕг, йӕ ном — Корнелий, Италиаг кӕй хуыдтой, уыцы ӕфсӕддон хайы сӕдӕйыхицау.


Иннӕ бон ӕрхӕццӕ сты Кесаримӕ. Корнелий ӕрбахуыдта йӕ къабӕзты, хӕстӕг хӕлӕртты, ӕмӕ сӕм ӕнхъӕлмӕ кастысты.


Ӕмӕ уайсахат ӕртӕ лӕджы, ӕз кӕм уыдтӕн, уыцы хӕдзары дуармӕ ӕрбалӕууыдысты; уыдон Кесарийӕ мӕнмӕ ӕрвыст уыдысты.


Антиохийы аргъуаны уыди пехуымпартӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕ: Варнавӕ, Нигер кӕй хуындӕуыд, уыцы Симеон, киренӕйаг Лукий, ӕлдариуӕггӕнӕг Иродимӕ чи хъомыл кодта, уыцы Манаин, ӕмӕ Савл.


Уырдыгӕй денджызыл сӕ фӕндаг адардтой Антиохимӕ ӕмӕ уым сӕххӕст кодтой, Хуыцауы хорзӕхыл бафӕдзӕхсгӕйӕ сын цы хъуыддаг бабар чындӕуыд, уый.


Ныффыстой ӕмӕ сын семӕ арвыстой ахӕм фыстӕг: «Апостолтӕй ӕмӕ аргъуаны хистӕртӕй, уе ’фсымӕртӕй — Антиохийы, Сирийы ӕмӕ Киликийы муртаттӕгтӕй Хуыцаумӕ чи аздӕхт, уыцы ӕфсымӕртӕм. Фӕрнджын ут.


Ӕрвыст ӕфсымӕртӕ ӕрцыдысты Антиохимӕ, ӕрӕмбырд кодтой уырнджыты ӕмӕ сӕм радтой фыстӕг.


Павел ӕмӕ Варнавӕ та баззадысты Антиохийы, бирӕ ӕндӕр ӕфсымӕртимӕ амыдтой адӕмӕн ӕмӕ хъусын кодтой Бардарӕджы ныхас.


Йерусалиммӕ куы ӕрхӕццӕ сты, уӕд сыл ӕхсызгонӕй сӕмбӕлдысты аргъуан, апостолтӕ ӕмӕ хистӕртӕ. Павел ӕмӕ сын Варнавӕ радзырдтой, Хуыцау сӕ фӕрцы цыдӕриддӕр сарӕзта, уыдӕтты тыххӕй.


Ӕфсӕддон хицау фӕсидти сӕдӕйыхицӕуттӕй дыууӕмӕ ӕмӕ сын загъта: «Срӕвдз кӕнут дыууӕсӕдӕ ӕфсӕддоны, дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз барӕджы ӕмӕ дыууӕсӕдӕ арцхӕссӕджы. Ӕхсӕвы ӕртӕ сахатыл хъуамӕ араст уой Кесаримӕ.


Фест бӕстӕйы хицауы бынат куы бацахста, уӕд ӕртӕ боны фӕстӕ Кесарийӕ ацыд Йерусалиммӕ.


Фесты фӕндыд иудейӕгты зӕрдӕ балхӕнын, ӕмӕ Павелы бафарста: «Фӕнды дӕ Йерусалиммӕ ацӕуын, цӕмӕй дын, азымджын дӕ цӕмӕй кӕнынц, уыдӕтты тыххӕй уым рахӕссон тӕрхон?»


Филипп та февзӕрди Азоты ӕмӕ, йӕ фӕндагыл цӕугӕйӕ, ӕппӕт сахарты хъусын кодта Фарны Уац, цалынмӕ Кесаримӕ бахӕццӕ, уӕдмӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ