20 Уыдон ӕм ӕрхатыдысты, цӕмӕй сӕм иу цасдӕр афӕстиат уа, фӕлӕ Павел не сразы.
Бахӕццӕ сты Эфесмӕ. Уым ныууагъта Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕйы, йӕхӕдӕг та синагогӕмӕ бацыд ӕмӕ иудейӕгтимӕ ныхас кӕнын райдыдта.
Цӕуыны размӕ сын загъта: «[Цы бӕрӕгбон ӕрхӕццӕ кӕны, уый ӕз ӕнӕмӕнг Йерусалимы хъуамӕ арвитон.] Хуыцауы фӕндӕй та уӕм ӕрыздӕхдзынӕн». Ӕмӕ науы ацыдис Эфесӕй.
Павелы Эфесмӕ бацӕуын нӕ фӕндыд, цӕмӕй Азийы ма бафӕстиат уа. Тагъд кодта, уымӕн ӕмӕ йӕ фӕндыд, кӕд бантыса, уӕд Къуыриты бӕрӕгбонмӕ Йерусалиммӕ бахӕццӕ уӕвын.
Ныр та не ’фсымӕр Аполлосы тыххӕй. Ӕз ӕм тынг ӕрхатыдтӕн, цӕмӕй ӕфсымӕртимӕ сымахмӕ ацӕуа, фӕлӕ йӕ ныртӕккӕ уый ницы хуызы бафӕндыд; фадат ын куы фӕуа, уӕд уӕм ацӕудзӕн.