Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 18:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Бахӕццӕ сты Эфесмӕ. Уым ныууагъта Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕйы, йӕхӕдӕг та синагогӕмӕ бацыд ӕмӕ иудейӕгтимӕ ныхас кӕнын райдыдта.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Апостолты хъуыддӕгтӕ 18:19
21 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уыдон ӕм ӕрхатыдысты, цӕмӕй сӕм иу цасдӕр афӕстиат уа, фӕлӕ Павел не сразы.


Цӕуыны размӕ сын загъта: «[Цы бӕрӕгбон ӕрхӕццӕ кӕны, уый ӕз ӕнӕмӕнг Йерусалимы хъуамӕ арвитон.] Хуыцауы фӕндӕй та уӕм ӕрыздӕхдзынӕн». Ӕмӕ науы ацыдис Эфесӕй.


Иу цавӕрдӕр александриаг иудейаг, йӕ ном — Аполлос, ӕрцыд Эфесмӕ. Аполлос уыди дзырдарӕхст лӕг, хорз зыдта Сыгъдӕг Фыст.


Алы сабат та ныхас кодта синагогӕйы, йӕхи хъардта иудейӕгты ӕмӕ муртаттӕгты баууӕндын кӕныныл.


Аполлос Коринфы куы уыд, уыцы рӕстӕг Павел ахызти хӕхбӕстӕтыл ӕмӕ ӕрцыд Эфесмӕ. Уым фембӕлд цалдӕр ахуыргӕнинагыл


Уыцы хабар айхъуыст Эфесы ӕппӕт цӕрджытыл — иудейӕгтыл дӕр ӕмӕ муртаттӕгтыл дӕр, се ’ппӕты дӕр тас бацыд, ӕмӕ Бардарӕг Йесойы ном кадджынӕй-кадджындӕр кодта.


Афтӕмӕй та уынут ӕмӕ хъусут, ӕрмӕст Эфесы нӕ, фӕлӕ ӕппӕт Азийы дӕр уыцы Павел кӕй асайдта бирӕ адӕмы — баууӕндын сӕ кодта, адӕймаджы къухтӕ кӕй сарӕзтой, уыдон хуыцӕуттӕ не сты, зӕгъгӕ.


Уыдон уый куы фехъуыстой, уӕд сӕ маст рафыхт ӕмӕ хъӕр систой: «Кадджын уӕд Стыр Эфесаг Артемидӕ!»


Сахары хицӕуттӕй иу ӕрсабыр кодта адӕмы ӕмӕ загъта: «Эфесӕгтӕ, чи уӕ нӕ зоны, Эфесы сахар стыр Артемидӕйы кувӕндонӕн ӕмӕ, уӕларвӕй чи ӕрхауд, йӕ уыцы фӕлгонцӕн лӕггадгӕнӕг кӕй у, уый?


Павелы Эфесмӕ бацӕуын нӕ фӕндыд, цӕмӕй Азийы ма бафӕстиат уа. Тагъд кодта, уымӕн ӕмӕ йӕ фӕндыд, кӕд бантыса, уӕд Къуыриты бӕрӕгбонмӕ Йерусалиммӕ бахӕццӕ уӕвын.


Павел Милетӕй Эфесмӕ арвыста аргъуаны хистӕрты ӕрхонынмӕ.


Уымӕн ӕмӕ уымӕй размӕ Павелимӕ сахары федтой эфесаг Трофимы ӕмӕ ӕнхъӕлдтой, Павел ӕй Кувӕндонмӕ бахуыдта, зӕгъгӕ.


Ӕз Эфесы хъӕддаг сырдтимӕ куы тох кодтон, уӕд мӕ нысан кӕд зӕххон уыди, уӕд мын уымӕй цы пайда ис? Кӕд мӕрдтӕ ӕгас нӕ кӕнынц, уӕд «байдайӕм хӕрын ӕмӕ нуазын, уӕддӕр райсом мӕлгӕ кӕндзыстӕм!»


Эфесы та фӕуыдзынӕн Къуыриты бӕрӕгбонмӕ —


Павелӕй, Хуыцауы фӕндӕй Йесо Чырыстийы апостолӕй — Йесо Чырыстийыл иузӕрдион чи у, Эфесы уыцы сыгъдӕджытӕм.


Македонимӕ куы цыдтӕн, уӕд дӕм ӕрхатыдтӕн, цӕмӕй Эфесы баззайай ӕмӕ дзы иуӕй-иутӕн бафӕдзӕхсай, цӕмӕй мауал хӕлиу кӕной дзыллӕйы ӕхсӕн мӕнг ахуырӕдтӕ


Бардарӕг ын баххуыс кӕнӕд, цӕмӕй йын Тӕрхоны бон Уый уа хатыргӕнӕг. Эфесы дӕр мын цас балӕггад кодта, уый ды хуыздӕр зоныс.


Цы уыныс, уый чиныджы ныффысс ӕмӕ йӕ арвит Азийы авд аргъуанмӕ: Эфесмӕ, Смирнӕмӕ, Пергаммӕ, Фиатирӕмӕ, Сардисмӕ, Филадельфи ӕмӕ Лаодикимӕ».


Эфесы аргъуаны зӕдмӕ ныффысс: „Йӕ рахиз къухы авд стъалыйы Чи дары, авд сыгъзӕрин цырагъдарӕны ӕхсӕн Чи цӕуы, Уый афтӕ зӕгъы:


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ