20 Дӕуӕй цыдӕр ӕнахуыр диссаг хъусӕм, ӕмӕ цы у, уый базонын нӕ фӕнды».
Ӕз ын ныффыстон Мӕ ахсджиаг ӕгъдӕуттӕ, фӕлӕ сӕ уый ӕнӕхъӕугӕйыл банымадта.
Йесойы фӕдзӕхст сӕ зӕрдыл бадардтой, фӕлӕ кӕрӕдзийы фарстой, «мӕрдтӕй райгас уӕвын» цы амоны, зӕгъгӕ.
Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй бирӕтӕ, уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ, дзырдтой: «Цы ӕнахуыр ныхӕстӕ кӕны! Уыдӕттӕм хъусын кӕй бон у?»
Петр йӕхинымӕр куыд хъуыды кодта, уӕдӕ уыцы цӕстылуайӕн цы нысан кӕны, зӕгъгӕ, афтӕ Корнелийы ӕрвыст лӕгтӕ ӕрлӕууыдысты кулдуары цур. Адӕмӕй базыдтой, Симоны хӕдзар кӕм ис, уый,
Уыдон Павелы ахуыдтой Ареопагмӕ ӕмӕ йын дзырдтой: «Ды цы ног ахуырад амоныс, уый базонын нӕ бон у?
Афинӕгтӕ ӕмӕ уым цӕрӕг фӕсарӕйнӕгтӕ сӕ рӕстӕг хуыздӕрӕн ӕрвыстой исты ног хабӕрттӕ дзургӕйӕ кӕнӕ сӕм хъусгӕйӕ.
Иууылдӕр рохстӕй аззадысты ӕмӕ кӕрӕдзийы дисгӕнгӕ фарстой: «Уый, цымӕ, цы уа?»
Дзуары фӕдыл уазныхас кӕнын сӕфты фӕндагыл цӕуджытӕ ӕдылыдзинадыл нымайынц, фӕлӕ махӕн, фервӕзыны фӕндагыл цӕуджытӕн, уый Хуыцауы тых у.
мах та хъусын кӕнӕм дзуарылтыгъд Чырыстийы тыххӕй, ӕмӕ нӕ ныхас иудейӕгтӕн цӕлхдур у, муртаттӕгтӕ та йӕ ӕдылыйыл нымайынц.
Хуыцауы Удӕй хайджын цы адӕймаг нӕу, уымӕ та, Хуыцауы Удӕй цы цӕуы, уый нӕ хъары — ӕнӕзонд мийыл ӕй нымайы ӕмӕ йӕ бамбарын нӕ фӕразы, уымӕн ӕмӕ уыдӕттӕн Уды руаджы аргъ кӕнын хъӕуы.
Уый тыххӕй ма ноджы фылдӕр радзуриккам, фӕлӕ йӕ сымахӕн бамбарын кӕнын зын у, уымӕн ӕмӕ хъусынхъом нал стут.
Ӕмӕ сын ныр сӕ хӕлд хъуыддӕгты цъымарайы кӕй нал ныгъуылут, уый сӕ ӕфтауы дисы ӕмӕ уыл цъыф калынц.