38 Ӕрвыст лӕгтӕ уыцы ныхӕстӕ фӕхӕццӕ кодтой сахары хицӕуттӕм. Уыдон, ромаг граждӕнтӕ кӕй сты, уый куы фехъуыстой, уӕд старстысты,
Ӕмӕ кӕд Ироды фӕндыди Иоанны амарын, уӕддӕр тарстис адӕмӕй, уымӕн ӕмӕ йӕ пехуымпарыл нымадтой.
Ӕрцахсынмӕ Йӕ хъавыдысты, фӕлӕ адӕмӕй нӕ бауӕндыдысты, уымӕн ӕмӕ Йӕ адӕм пехуымпарыл нымадтой.
Синагогӕтӕм уӕ куы бакӕной ӕмӕ уӕ хицӕутты раз куы ӕрлӕууын кӕной, уӕд-иу ма мӕт кӕнут, цы зӕгъат, ууыл.
Куы сбон ис, уӕд сахары хицӕуттӕ се ’ххуысгӕнджыты арвыстой ахӕстонмӕ бардзырдимӕ: «Рауадзут уыцы лӕгты».
Ехсӕй нӕмынмӕ йӕ чи хъавыд, уыдон ӕй уайтӕккӕ ныууагътой. Ӕфсӕддон хицау куы базыдта, Павел ромаг гражданин у, уый, уӕд дзы тас бацыд, рӕхыстӕй йӕ кӕй сбаста, уый тыххӕй.