35 Куы сбон ис, уӕд сахары хицӕуттӕ се ’ххуысгӕнджыты арвыстой ахӕстонмӕ бардзырдимӕ: «Рауадзут уыцы лӕгты».
Ау, Дунедарӕгӕй, хатыр цы у, уый ферох ис, ӕмӕ Йӕ маст никуыуал ссӕудзӕн?
Ау, хъуамӕ сымах ма тӕрсат Мӕнӕй? — зӕгъы Дунедарӕг. — Ау, фыр тӕссӕй Мӕ разы хъуамӕ ма ризат? Ӕз денджызӕн змисӕй скодтон ӕнусон арӕн, ӕмӕ денджызӕн нӕй ахизӕн йӕ сӕрты. Ныййарц вӕййынц уылӕнтӕ, фӕлӕ сӕ бон нӕу арӕныл фӕуӕлахиз уӕвын, сабухынц, фӕлӕ арӕны сӕрты сӕ бон ахизын нӕу.
Синагогӕтӕм уӕ куы бакӕной ӕмӕ уӕ хицӕутты раз куы ӕрлӕууын кӕной, уӕд-иу ма мӕт кӕнут, цы зӕгъат, ууыл.
Павел ӕмӕ Силӕйы бахуыдта йӕ хӕдзармӕ, фынг сын ӕрӕвӕрдта ӕмӕ цин кодта йе ’ппӕт хӕдзаронтимӕ, Хуыцауыл кӕй баууӕндыдысты, уый тыххӕй.
Хъахъхъӕнӕг уыцы ныхӕстӕ фӕхӕццӕ кодта Павелмӕ: «Сахары хицӕуттӕ ӕрбарвыстой уӕ рауадзыны бардзырд, ӕмӕ цӕугӕут ныр фарнимӕ».
Ӕрвыст лӕгтӕ уыцы ныхӕстӕ фӕхӕццӕ кодтой сахары хицӕуттӕм. Уыдон, ромаг граждӕнтӕ кӕй сты, уый куы фехъуыстой, уӕд старстысты,
Уыдон та сӕм бартхъирӕн кодтой ӕмӕ сӕ рауагътой — апостолты бафхӕрын сӕ бон нӕ уыди, уымӕн ӕмӕ, цы ӕрцыди, уый тыххӕй адӕм иууылдӕр кад кодтой Хуыцауӕн —
Иууылдӕр бакастысты Гамалиилы коммӕ, фӕдзырдтой апостолтӕм ӕмӕ сӕ фӕнӕмын кодтой. Уый фӕстӕ сын тызмӕгӕй бафӕдзӕхстой, цӕмӕй Йесойы номӕй мауал дзурой, ӕмӕ сӕ рауагътой.
Йешуа сауджынтӕн загъта: «Рахизут Иорданӕй».