Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 16:31 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

31 Уыдон ын загътой: «Баууӕнд Бардарӕг Йесойыл ӕмӕ фервӕздзынӕ дӕхӕдӕг дӕр, стӕй дӕ хӕдзаронтӕ дӕр».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Апостолты хъуыддӕгтӕ 16:31
31 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ӕз сараздзынӕн фидыд демӕ ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтимӕ, мыггагмӕйы фидыд, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ: Ӕз уыдзынӕн дӕу ӕмӕ дӕ байзӕддаджы Хуыцау.


Авраамы Ӕз уый тыххӕй равзӕрстон, цӕмӕй йӕ фырттӕн ӕмӕ йӕ байзӕддагӕн ныффӕдзӕхса Дунедарӕджы фӕндагыл цӕуын, раст хъуыддӕгтӕ кӕнын. Ӕмӕ уӕд Дунедарӕг сӕххӕст кӕндзӕн, Авраамӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдӕттӕ».


Уе ’ргом Мӕм раздахут, ӕппӕт дзыллӕтӕ, ӕмӕ фервӕзат, уымӕн ӕмӕ Ӕз дӕн Хуыцау, Мӕн йеддӕмӕ ӕндӕр Хуыцау нӕй.


Иу зӕрдӕ ӕмӕ иу фӕндаг сын ратдзынӕн, цӕмӕй Мӕ цӕрӕнбонты тӕрсой сӕхи ӕмӕ сӕ байзӕддӕгты фарны сӕраппонд.


Ӕнӕхуыцауы зӕрдӕ къӕйныхдзинадӕй — йемыдзаг, рӕстгӕнӕг та йӕ уырнындзинады фӕрцы цӕрдзӕни.


Чи баууӕнда ӕмӕ аргъуыд чи райса, уый фервӕздзӕн; чи нӕ баууӕнда, уый та тӕрхонгонд ӕрцӕудзӕн.


Фӕлӕ Йӕ чи айста ӕмӕ Йыл чи баууӕндыд, уыдонӕн та радта Хуыцауы хъӕбултӕ суӕвыны бар.


Ацы чиныг та уымӕн фыст ӕрцыд, цӕмӕй баууӕндат, Йесо Хуыцауы Фырт, Чырысти кӕй у, ууыл. Ӕмӕ куы ӕууӕндат, уӕд Йӕ фӕрцы схайджын уыдзыстут мыггагмӕйы цардӕй.


Фыртыл чи ӕууӕнды, уый хайджын у мыггагмӕйы цардӕй, Фыртмӕ чи нӕ хъусы, уый та цард нӕ фендзӕн — Хуыцауы азар ӕй баййӕфта».


Уымӕн ӕмӕ Мӕ Фыды, цӕмӕй Фырты чидӕриддӕр уыны ӕмӕ Йыл ӕууӕнды, уымӕн уа мыггагмӕйы цард; ӕмӕ йӕ Ӕз фӕстаг бон райгас кӕндзынӕн».


Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Мӕныл чи ӕууӕнды, уымӕн ис мыггагмӕйы цард.


Мах куы ӕууӕндӕм, уыдонау кӕй фервӕздзыстӕм ӕрмӕст Бардарӕг Йесойы хорзӕхы руаджы».


Йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ хӕдзаронтӕ дӕр донаргъуыд куы райстой, уӕд нӕм ӕрхатыд: «Кӕд мӕ, Бардарӕгыл иузӕрдион чи у, ахӕмыл нымайут, уым рацӕут мӕ хӕдзармӕ ӕмӕ цӕрут мӕнмӕ». Ӕмӕ нӕ сразы кодта.


Хъахъхъӕнӕгӕн ӕмӕ йе ’ппӕт хӕдзаронтӕн Павел ӕмӕ Силӕ фӕцамыдтой Бардарӕджы ныхас.


Синагогӕйы хицау Крисп йе ’ппӕт хӕдзаронтимӕ баууӕндыд Йесойыл. Коринфӕгтӕй Павелмӕ чи байхъуыста, уыдонӕй дӕр бирӕтӕ баууӕндыдысты ӕмӕ аргъуыд райстой.


Ӕндӕр никӕй бон у ирвӕзындзинад раттын, уымӕн ӕмӕ арвы бын иунӕг ӕндӕр ном дӕр нӕй, фервӕзӕн нын кӕй фӕрцы ис».


Сӕ фӕндаг дардтой, афтӕмӕй ӕрбахӕццӕ сты донмӕ. Евнух загъта: «Мӕнӕ — дон, саргъауынӕн мӕ цы къуылымпы кӕны?»


Кӕд хоры сӕрӕн йӕ фыццаг дзул Хуыцауы у, уӕд дзултӕ иууылдӕр Хуыцауы сты. Кӕд уидаг Хуыцауы у, уӕд къалиутӕ дӕр Хуыцауы сты.


Уый уымӕн афтӕ у, цӕмӕй, Хуыцау Авраамӕн цы арфӕ ракодта, уый Йесо Чырыстийы фӕрцы анхъӕвза муртаттӕгтыл, ӕмӕ мах уырнындзинады руаджы схайджын уӕм, ныфс Кӕмӕй бавӕрдӕуыд, уыцы Удӕй.


Фӕлӕ Сыгъдӕг Фыст расидт, ӕппӕт дуне дӕр тӕригъӕды ахӕсты кӕй ис. Уӕдӕ, Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый Йесо Чырыстийыл ӕууӕндыны фӕрцы лӕвӕрд ӕрцӕуы уырнджытӕн.


Уырнындзинады руаджы, Йесо Чырыстиимӕ иугондӕй, уе ’ппӕт дӕр Хуыцауы хъӕбултӕ стут.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ