Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 16:29 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

29 Уӕд хъахъхъӕнӕг ӕрбахӕссын кодта цырагъ, базгъордта ахӕстонмӕ ӕмӕ тӕрсгӕ-ризгӕйӕ Павел ӕмӕ Силӕйы къӕхтӕм йӕхи ӕрӕппӕрста.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Апостолты хъуыддӕгтӕ 16:29
13 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Стауӕн псалом. Ӕгас зӕхх, Дунедарӕджы сыстау!


Ӕфхӕргӕ дӕ чи кодта ӕмӕ дӕ чи ницӕмӕ дардта, уыдоны фырттӕ дӕм ӕрбацӕудзысты ӕмӕ дӕ разы сӕ зонгуытыл ӕрхаудзысты. Схондзысты дӕ Дунедарӕджы, Израилы Стыр Хуыцауы сахар — Сион.


Ӕз Мӕхи къухӕй сфӕлдыстон алцы, афтӕмӕй фӕзындысты ӕппӕт уыдӕттӕ! — зӕгъы Дунедарӕг. — Састзӕрдӕ ӕмӕ сӕрныллӕг, Мӕ ныхасмӕ тӕрсгӕ-ризгӕйӕ чи хъусы, уый Мын у адджын.


Дунедарӕджы ныхасы раз аргъуыц чи кӕны, уыдон ӕрбайхъусӕнт, цы уын зӕгъы, уымӕ: «Уӕхи Мӕ адӕмыл кӕй нымайут, уый тыххӕй цӕстысындз фестадыстут уе ’фсымӕртӕн, ӕмӕ уӕ се ’мгӕрон нал уадзынц. Хынджылӕг кӕнынц, уӕдӕ-ма, дам, уын Дунедарӕг Йӕ кад раргом кӕнӕд, ӕмӕ мах фенӕм, кӕддӕра уын уӕ зӕрдӕ цӕмӕй барухс кӕндзӕни! Ӕз уын зӕгъын, уыдон хорзау нал фӕуыдзысты.


Ӕрмӕстдӕр Дунедарӕг у ӕцӕг Хуыцау, Уый у цардӕгас Хуыцау ӕмӕ ӕнусон Паддзах. Йӕ мастӕй сӕнкъуысы зӕхх, адӕм ӕдых сты Йӕ масты раз.


Ау, хъуамӕ сымах ма тӕрсат Мӕнӕй? — зӕгъы Дунедарӕг. — Ау, фыр тӕссӕй Мӕ разы хъуамӕ ма ризат? Ӕз денджызӕн змисӕй скодтон ӕнусон арӕн, ӕмӕ денджызӕн нӕй ахизӕн йӕ сӕрты. Ныййарц вӕййынц уылӕнтӕ, фӕлӕ сӕ бон нӕу арӕныл фӕуӕлахиз уӕвын, сабухынц, фӕлӕ арӕны сӕрты сӕ бон ахизын нӕу.


Мӕ паддзахады цӕрджытӕ! Тӕрсут ӕмӕ ӕмризӕджы ризут Даниилы Хуыцауы раз! Уый у цардӕгас ӕмӕ ӕнусон Хуыцау! Йӕ паддзахадӕн фесӕфӕн нӕй, ӕмӕ Йӕ хицаудзинадӕн кӕрон никуы ӕрцӕудзӕн!


Се ’фтиагыл зӕрдӕ дарӕн кӕй нал ис, чызджы хицӕуттӕ уый куы федтой, уӕд Павел ӕмӕ Силӕйы ӕрцахстой, лӕгдыхӕй сӕ акодтой сӕйраг фӕзмӕ, сахары сӕргълӕуджытӕм.


Фӕлӕ Павел ныхъхъӕр кодта: «Дӕхицӕн знаггад ма ракӕн! Мах не ’ппӕт дӕр ам стӕм!»


Павел рӕстӕй цӕрыны, хиуыл хӕцыны ӕмӕ фидӕны тӕрхоны тыххӕй куы дзырдта, уӕд Феликсы тас бацыд ӕмӕ загъта: «Ныр ацу, рӕстӕг мын куы фӕуа, уӕд та дӕм фӕдзурдзынӕн».


Сайтаны ӕмбырды чи ис, йӕхи иудейаг чи хоны, афтӕмӕй иудейаг нӕ, фӕлӕ фӕливӕг чи у, уыдонӕн Ӕз бакӕндзынӕн афтӕ: ӕрцӕудзысты ӕмӕ дӕ къӕхты бынмӕ ӕрхаудзысты, ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз дӕ кӕй бауарзтон, уый.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ