Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 16:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Бакодтой сӕ сахары хицӕуттӕм ӕмӕ загътой: «Ацы лӕгтӕ сты иудейӕгтӕ ӕмӕ змӕнтынц нӕ сахар.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Апостолты хъуыддӕгтӕ 16:20
14 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уӕд уӕздӕттӕ паддзахӕн загътой: «Ацы лӕджы амарын хъӕуы. Ахӕм ныхӕстӕй, сахары ма цы хӕстонтӕ баззад, уыдонӕн ӕмӕ иннӕ адӕмӕн сӕ хъару лӕмӕгъ кӕны. Йӕ зӕрдӕ адӕмӕн хорзӕй ницы зӕгъы, се сӕфтмӕ бӕллы».


Паддзах Ирод уый куы фехъуыста, уӕд катайы бацыд, ӕмӕ йемӕ — ӕгас Йерусалим дӕр.


Се ’фтиагыл зӕрдӕ дарӕн кӕй нал ис, чызджы хицӕуттӕ уый куы федтой, уӕд Павел ӕмӕ Силӕйы ӕрцахстой, лӕгдыхӕй сӕ акодтой сӕйраг фӕзмӕ, сахары сӕргълӕуджытӕм.


Хӕлиу кӕнынц, махӕн, ромӕгтӕн, сӕрмӕхӕссинаг чи нӕу ӕмӕ нын ӕххӕст кӕнын кӕй не ’мбӕлы, ахӕм ӕгъдӕуттӕ».


Уым сӕмбӕлди, йӕ ном Акилӕ кӕмӕн уыд, ахӕм цавӕрдӕр понтаг иудейагыл йӕ ус Прискиллӕимӕ. Уыдон ӕрӕджы ӕрцыдысты Италийӕ, уымӕн ӕмӕ, кесӕр Клавдийы бардзырдмӕ гӕсгӕ, ӕппӕт иудейӕгтӕ дӕр хъуамӕ Ромӕй ацыдаиккой. Павел ӕрбацыди уыдонмӕ,


Фӕлӕ, иудейаг кӕй у, уый куы базыдтой, уӕд дыууӕ сахаты бӕрц ӕмхъӕр кодтой: «Стыр у Эфесаг Артемидӕ!»


Фӕлӕ мах фӕнды, куыд хъуыды кӕныс, уый дӕхицӕй фехъусын. Уымӕн ӕмӕ, алы ран дӕр уыцы ахуырады ныхмӕ кӕй дзурынц, уый нын зындгонд у».


Ацы дунейы ӕгъдӕуттӕ ма фӕзмут; уадз ӕмӕ ног кӕна уӕ зонд ӕмӕ ива уӕ зӕрдӕ. Ӕмӕ уӕд уӕ бон уыдзӕн Хуыцауы фӕндон зонын — Хуыцауӕн ӕхцон цы у, хорз цы у ӕмӕ алцӕмӕй дӕр ӕххӕст цы у, уый.


Хуыцауы ныууадзӕг адӕм! Дунеимӕ хӕларӕй цӕрын Хуыцауӕн знаггад кӕнын кӕй у, уый нӕ зонут, ӕви? Уӕдӕ дунеимӕ хӕларӕй цӕрын чи равзара, уый Хуыцауӕн свӕййы знаг.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ