Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 16:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Павелимӕ-иу куы цыдыстӕм, уӕд-иу нӕ фӕдыл бафтыд ӕмӕ хъӕр кодта: «Ацы лӕгтӕ Иууылбӕрзонд Хуыцауы цагъартӕ сты; уыдон уын фервӕзыны фӕндаг амонынц».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Апостолты хъуыддӕгтӕ 16:17
31 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уӕ уынаффӕтӕ уӕм раст кӕсынц, тӕрхонгӕнджытӕ? Раст тӕрхон хӕссут адӕмӕн?


Пецы пиллон арт сыгъди, фӕлӕ йын Навуходоносор йӕ дуармӕ хӕстӕг бацыди ӕмӕ мидӕмӕ бахъӕр кодта: «Шадрах, Мешах ӕмӕ Авед-Него, Стыр Хуыцауы цагъартӕ! Рахизут уырдыгӕй!» Уӕд Шадрах, Мешах ӕмӕ Авед-Него артӕй рахызтысты.


Уӕд Навуходоносор загъта: «Арфӕгонд уӕд Шадрах, Мешах ӕмӕ Авед-Негойы Хуыцау! Уый рарвыста йӕ зӕды ӕмӕ фервӕзын кодта йӕ цагъарты. Уыдон сӕ зӕрдӕ дардтой сӕ Хуыцауыл, паддзахы ныхасмӕ нӕ байхъуыстой ӕмӕ сӕхи судзынмӕ радтой, цӕмӕй сӕхи Хуыцауы йеддӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕм ма кувой ӕмӕ сын ма лӕггад кӕной.


Иу хатт фын федтон ӕмӕ фӕтарстӕн. Мӕ хуыссӕнуаты цы цӕстылуайӕнтӕ федтон, уыдон мыл стыр тас бафтыдтой.


Паддзах! Дӕ фыд Навуходоносорӕн Иууылбӕрзонд Хуыцау радта паддзахдзинад, кад ӕмӕ цыт.


Адӕмы ’хсӕнӕй йӕ фӕсырдтой, сырды сӕрызонд ын лӕвӕрд ӕрцыд, ӕмӕ хъӕддаг хӕрджытимӕ царди. Галау кӕрдӕг хордта ӕмӕ ӕрвон ӕртӕхӕй йӕ дойны саста, цалынмӕ бамбӕрста: адӕймаджы паддзахадӕн йӕ хицау у Иууылбӕрзонд Хуыцау ӕмӕ паддзахы бынат ратты, Йӕхи кӕмӕн бафӕнды, уыдонӕн.


Уӕд паддзах Даниилы ӕрбакӕнын кодта, цӕмӕй йӕ домбӕйтты хъоргъы ныппарой. Даниилӕн та загъта: «Ӕнувыдӕй Кӕмӕн лӕггад кӕныс, уыцы Хуыцау дӕ Йӕхӕдӕг фервӕзын кӕнӕд!»


Хъоргъмӕ куы бахӕццӕ, уӕд Даниилмӕ ӕнкъард хъӕлӕсӕй ныдздзырдта: «Даниил, цардӕгас Хуыцауы цагъар! Ӕнувыдӕй Кӕмӕн лӕггад кӕныс, уыцы Хуыцау дӕ домбӕйтты дзыхӕй фервӕзын кодта?»


Ӕмӕ сын уый загъта: «Ӕз дзуттаг дӕн, ӕмӕ кад кӕнын Дунедарӕгӕн, уӕларвы Хуыцауӕн, денджыз ӕмӕ сурзӕхх Сфӕлдисӕгӕн».


Цӕимӕ ӕрлӕууон Дунедарӕджы раз, уӕларвы Хуыцаумӕ цӕимӕ бакувон? Йӕ цурмӕ иууылсудзинаг нывӕндтимӕ кӕнӕ афӕдздзыд родтимӕ бацӕуон?


Уыйадыл Ӕм сӕ ахуыргӕнинӕгты барвыстой Ироды фарсхӕцджытимӕ, ӕмӕ Йын уыдон загътой: «Ахуыргӕнӕг, мах ӕй зонӕм, Ды раст кӕй дӕ ӕмӕ Хуыцауы фӕндаг ӕцӕгады фӕткыл кӕй амоныс; искӕй зӕрдӕ балхӕныныл нӕ архайыс, уымӕн ӕмӕ никӕй хъулон кӕныс.


Хӕйрӕджджынтӕ хъӕр систой: «Цы Дӕ хъӕуы махӕй, Хуыцауы Фырт? Ды ардӕм уый тыххӕй ӕрцыдтӕ, цӕмӕй нӕ ӕмгъуыдӕй раздӕр хъизӕмарӕй марай?»


«Цы Дӕ хъӕуы махӕй, Назаретаг Йесо? Ды нӕ фесафынмӕ ӕрцыдтӕ! Ӕз зонын, Чи дӕ, уый — Ды Хуыцауы Сыгъдӕг дӕ».


Уыдон Ӕм бацыдысты ӕмӕ Йын загътой: «Ахуыргӕнӕг, мах зонӕм, Ды раст кӕй дӕ ӕмӕ искӕй зӕрдӕ балхӕныныл кӕй нӕ архайыс, уымӕн ӕмӕ никӕй хъулон кӕныс, фӕлӕ ӕцӕгады фӕткмӕ гӕсгӕ амоныс Хуыцауы фӕндаг. Кесӕрӕн хъалон фидын ӕмбӕлы ӕви нӕ? Фидӕм ын ӕви йын ма фидӕм?»


ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Цы Дӕ хъӕуы мӕнӕй, Йесо, Иууылбӕрзонд Хуыцауы Фырт? Хуыцауы хатырӕй, хъизӕмарӕй мӕ ма мар!»


ӕмӕ Йын Йӕ адӕмӕн фехъусын кӕнай, кӕй фервӕздзысты ӕмӕ сын сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд кӕй ӕрцӕудзысты,


ныррухс кӕндзӕни, мӕлӕты тасимӕ тары йӕ бонтӕ чи ӕрвиты, уыдоны ӕмӕ нӕ сараздзӕн Хуыцауимӕ фидыды фӕндагыл».


Ӕмӕ Йӕ уыдон бафарстой: «Ахуыргӕнӕг, мах ӕй зонӕм: Ды раст дзурыс ӕмӕ ахуыр кӕныс, никӕй хъулон кӕныс, фӕлӕ ӕцӕгады фӕткыл амоныс Хуыцауы фӕндаг.


«Цы Дӕ хъӕуы махӕй, Назаретаг Йесо? Ды нӕ фесафынмӕ ӕрбацыдтӕ! Ӕз зонын, Чи дӕ, уый — Ды Хуыцауы Сыгъдӕг дӕ».


Бирӕты фервӕзын кодта дӕлимонты ахӕстӕй, хӕйрӕджытӕ-иу, хъӕргӕнгӕ, ӕддӕмӕ рацыдысты: «Ды Хуыцауы Фырт дӕ!» Фӕлӕ сын Йесо дзурыны бар нӕ лӕвӕрдта, уымӕн ӕмӕ уыдон зыдтой, Чырысти кӕй у, уый.


Йесойы куы ауыдта, уӕд йӕхи Йӕ къӕхты бынмӕ баппӕрста ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Цы Дӕ хъӕуы мӕнӕй, Йесо, Иууылбӕрзонд Хуыцауы Фырт? Уый курӕг Дӕ дӕн, ӕмӕ мӕ хъизӕмарӕй ма мар!»


Йесо йын загъта: «Ӕз дӕн фӕндаг, ӕцӕгад ӕмӕ цард. Мӕ Фыдмӕ ничи ӕрцӕудзӕн, Мӕ фӕрцы куы не ’рцӕуа, уӕд.


Аполлос ныфсджынӕй дзурын райдыдта синагогӕйы. Акилӕ ӕмӕ йӕм Прискиллӕ куы байхъуыстой, уӕд ӕй ахуыдтой сӕхимӕ ӕмӕ йын бӕлвырддӕр бацамыдтой Хуыцауы фӕндаг.


Иудейаг хӕтӕг кӕлӕнгӕнджытӕй дӕр иуӕй-иутӕ ацархайдтой Бардарӕг Йесойы номӕй пайда кӕныныл — дӕлимонты-иу куы сырдтой, уӕд дзырдтой: «Бардзырд уын дӕттӕм, Павел Кӕй тыххӕй дзуры, уыцы Йесойы номӕй».


Кӕд сӕрибар адӕм стут, уӕддӕр уӕхи хизут, цӕмӕй уӕ сӕрибар ӕвзӕр митӕн ӕмбӕрзӕны хуызӕн ма суа, уымӕн ӕмӕ сымах Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ стут.


Бирӕтӕ сын бафӕзмдзысты сӕ чъизи митӕ; уыдоны аххосӕй ӕгад уыдзӕни раст фӕндаг.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ