39 Павел ӕмӕ Варнавӕйы ӕхсӕн быцӕу рауад, ӕмӕ фӕхицӕн сты. Варнавӕ Маркы акодта йемӕ ӕмӕ науыл Кипрмӕ ацыд.
Уый цӕугӕдӕттӕ фестын кӕны ӕдзӕрӕг быдыртӕ, суадӕттӕ — хуыскъ зӕхх,
Ӕрмӕстдӕр хорздзинӕдтӕ чи кӕны, тӕригъӕд ӕппындӕр чи никуы ракодта, ахӕм рӕстуд нӕй зӕххыл.
Фӕлӕ уыдонӕй иуӕй-иутӕ уыдысты кипрӕгтӕ ӕмӕ киренӕйӕгтӕ; ӕмӕ Антиохимӕ куы ӕрцыдысты, уӕд муртаттӕгтӕн дӕр хъусын кодтой Фарны Уац Бардарӕг Йесойы тыххӕй.
Петр уый куы бамбӕрста, уӕд араст ис, Марк кӕй хуыдтой, уыцы Иоанны мад Мариайы хӕдзармӕ. Ам ӕрӕмбырд бирӕ адӕм ӕмӕ куывтой.
Павел ӕмӕ Варнавӕ семӕ не сразы сты, ӕмӕ сӕм стыр быцӕу рауад. Уӕд бауынаффӕ кодтой, цӕмӕй Павел, Варнавӕ ӕмӕ иннӕ ӕфсымӕртӕй цалдӕр ацы хъуыддаджы фӕдыл ацӕуой апостолтӕм ӕмӕ аргъуаны хистӕртӕм Йерусалиммӕ.
Варнавӕйы фӕндыд, Марк кӕй хуыдтой, уыцы Иоанны дӕр ма семӕ акӕнын.
Уырдыгӕй араст стӕм дарддӕр; Кипры чъылдыммӕ бамбӕхстыстӕм дымгӕйӕ, уымӕн ӕмӕ дымдта нӕ ныхмӕ.
Зӕгъӕм, апостолтӕ фӕсномыгӕй Варнавӕ (ома Ныфсдӕттӕг) кӕй хуыдтой, уыцы кипраг левит Йосефмӕ уыди зӕххы хай.
Ахуыргӕнинӕгты нымӕцыл куы ӕфтыд, уӕд бердзенаг ӕвзагыл дзурӕг дзуттӕгтӕ райдыдтой хъуыр-хъуыр кӕнын бынӕттон дзуттӕгтыл, ӕрвылбоны ӕххуыс куы фӕуарынц, уӕд сын сӕ идӕдз сылгоймӕгты хъулон кӕнынц, зӕгъгӕ.
Салам уын дӕттынц, мемӕ ахст чи у, уыцы Аристарх, Марк — Варнавӕйы хӕстӕг (куы уӕм ӕрцӕуа, уӕд ыл баузӕлут, зӕгъгӕ, уын кӕй тыххӕй бафӕдзӕхстӕуыд, уый)
Уымӕн ӕмӕ мах не ’ппӕт дӕр арӕх тӕригъӕды бацӕуӕм. Дзыхы ныхасӕй тӕригъӕды чи нӕ цӕуы, уый у алцӕмӕй дӕр ӕххӕст адӕймаг ӕмӕ йӕ бон у йе ’ппӕт буары рохтыл хӕцын дӕр.
Саламтӕ уын ӕрвитынц, сымахау Хуыцау кӕй сӕвзӕрста, Вавилоны уыцы аргъуан, стӕй мӕ хъӕбул Марк.