38 Фӕлӕ Павел разы нӕ уыд, Памфилийы сӕ чи ныууагъта ӕмӕ семӕ кусын кӕй нӕ бафӕндыд, уыцы адӕймаджы акӕныныл.
О Хуыцау, нӕ Ирвӕзынгӕнӕг, баххуыс нын кӕн Дӕ номы кадӕн, фервӕзын нӕ кӕн, ныббар нын нӕ тӕригъӕдтӕ Дӕ номы сӕраппонд!
Ӕмбыд дӕндаг кӕнӕ къуылых къах — мӕнгардыл дӕр бӕллӕхы бон уыдонау зӕрдӕ дарӕн нӕй.
Ӕндӕр кӕйдӕр ныхас та Йын уыди: «Хицау, ӕз ацӕудзынӕн Дӕ фӕдыл, фӕлӕ уал мӕ ауадз мӕ бинонтӕн хӕрзбон зӕгъынмӕ».
Павел ӕмӕ йе ’мбӕлццӕттӕ науыл ацыдысты Пафӕй ӕмӕ бахӕццӕ сты Памфилимӕ, Пергийы сахармӕ. Ам Иоанн уыдонӕй фӕхицӕн ӕмӕ ӕрбаздӕхт Йерусалиммӕ.
Фриги ӕмӕ Памфилийы, Мысыр ӕмӕ Ливийы, Киренӕйы алфамбылай цӕрджытӕ, ромӕгтӕ,
йӕ зонд дыууӕрдӕм хӕцы, ӕмӕ, цыдӕриддӕр ма араза — фаг ныфс ӕм нӕ разыны.