33 Уым фесты иу цасдӕр, стӕй сӕ ӕфсымӕртӕ фарнимӕ афӕндараст кодтой сӕ рарвитджытӕм.
Ард бахӕр, кӕй ницы фыдбылыз нын сараздзынӕ, уый тыххӕй. Мах дӕр дӕ куынӕ бахъыгдӕрдтам, хорзы дын куы бацыдыстӕм ӕрмӕстдӕр ӕмӕ дӕ фарнимӕ куы арвыстам! Дунедарӕгӕй арфӕгонд дӕ ныр».
Моисей хӕдзармӕ куы бафтыди, уӕд йӕ каис Ифройӕн загъта: «Бар мын ратт, ӕмӕ Мысырмӕ аздӕхон, ме ’фсымӕртӕ ма ӕгас сты ӕви нӕ, уый бабӕрӕг кӕнон». Ифро йын загъта: «Цу фарнимӕ».
Уӕд ын Йесо загъта: «Мӕ чызг, дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта. Цу фарнимӕ ӕмӕ ӕнӕниз у».
Уӕд апостолтӕ ӕмӕ хистӕртӕ ӕппӕт аргъуанимӕ сфӕнд кодтой аргъуанӕй цалдӕр лӕджы сӕвзарын ӕмӕ сӕ Павелимӕ ӕмӕ Варнавӕимӕ Антиохимӕ арвитын. Ӕмӕ сӕрмагондӕй равзӕрстой, Варсавӕ дӕр ма кӕй хуыдтой, уыцы Иудӕйы, стӕй Силӕйы — ӕфсымӕрты ӕхсӕн дзырддзӕугӕдӕрты.
[Фӕлӕ Силӕйы бафӕндыд уым баззайын.]
Хъахъхъӕнӕг уыцы ныхӕстӕ фӕхӕццӕ кодта Павелмӕ: «Сахары хицӕуттӕ ӕрбарвыстой уӕ рауадзыны бардзырд, ӕмӕ цӕугӕут ныр фарнимӕ».
Ӕнӕрвӕссонтӕ йыл мачи кӕнӕд. Ифтонгӕй йӕ фарнимӕ афӕндараст кӕнут, цӕмӕй ӕрцӕуа мӕнмӕ — иннӕ ӕфсымӕртимӕ йӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсын.
Уырнындзинад ӕм кӕй уыдис, уый фӕрцы хӕтаг Рахав суазӕг кодта сгарджыты ӕмӕ нӕ бабын ис ӕнӕсӕттонтимӕ.
Чи уӕм ӕрцӕуы ӕмӕ уӕм уыцы ахуырад йемӕ чи не ’рхӕссы, уый уӕ хӕдзармӕ ма уадзут ӕмӕ йын «ӕгасцуай» ма дзурут.