20 Фӕлӕ йыл ахуыргӕнинӕгтӕ куы ӕрӕмбырд сты, уӕд Павел сыстад ӕмӕ фӕстӕмӕ ацыди сахармӕ. Дыккаг бон Варнавӕимӕ араст Дервимӕ.
Ӕнӕхъӕн аз аргъуаны фесты ӕмӕ ахуыр кодтой бирӕ адӕмы. Ахуыргӕнинӕгты фыццаг хатт чырыстӕттӕ схуыдтой Антиохийы.
Уӕд ахуыргӕнинӕгтӕ баныхас кодтой, кӕмӕн куыд йӕ бон у, афтӕ се ’ххуысы хай Иудейы цӕрӕг ӕфсымӕртӕн арвитыны тыххӕй.
Петр сын йӕ къухӕй ацамыдта, цӕмӕй банцайой, ӕмӕ сын радзырдта, Бардарӕг ӕй ахӕстонӕй куыд ракодта, уый тыххӕй. Стӕй сын загъта: «Ацы хабар фехъусын кӕнут Йаковӕн ӕмӕ иннӕ ӕфсымӕртӕн». Уый фӕстӕ рацыди уырдыгӕй ӕмӕ араст ис ӕндӕр ранмӕ.
Алы ран дӕр ныфс бауагътой ахуыргӕнинӕгты, фӕдзӕхстой сын, цӕмӕй уырнындзинадыл фидар хӕцой, ӕмӕ сын дзырдтой, Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуыны сӕраппонд мах бирӕ зынтӕ бавзарын хъӕуы, зӕгъгӕ.
Павел ӕмӕ Варнавӕ уым дзӕвгар рӕстӕг арвыстой ахуыргӕнинӕгтимӕ.
Павел ӕмӕ Варнавӕ уый куы базыдтой, уӕд ацыдысты ликаониаг сахартӕ Листрӕ ӕмӕ Дервимӕ, стӕй сӕ алфамбылӕйттӕм.
Павел бахӕццӕ Дервимӕ ӕмӕ Листрӕмӕ. Уым царди иу ахуыргӕнинаг, йӕ ном — Тимофей. Йӕ мад уыди иудейаг — чырыстон сылгоймаг, йӕ фыд та — муртаттаг.
Павел ӕмӕ Силӕ ахӕстонӕй ӕрцыдысты Лидиайы хӕдзармӕ. Уым фембӕлдысты ӕфсымӕртимӕ, ныфс сӕ бауагътой ӕмӕ араст сты дарддӕр.
Змӕст куы ӕрсабыр ис, уӕд Павел ахуыргӕнинӕгты ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ сӕ ныфс бауагъта, хӕрзбон сын загъта ӕмӕ араст Македонимӕ.
ӕнӕхъуыстгонд нӕ хонынц, фӕлӕ нӕ бирӕтӕ зонынц; нымайынц нӕ мардыл, фӕлӕ удӕгас стӕм; мардӕфхӕрд нӕ кӕнынц, фӕлӕ нӕ мӕлӕм.