18 Уыцы ныхӕсты фӕрцы дӕр зынтӕй баурӕдтой адӕмы, цӕмӕй сын нывонд ма ӕрхӕссой.
Дунедарӕг загъта: «Мӕнӕ — иу адӕм, се ’ппӕтӕн дӕр — иу ӕвзаг. Цы аразынц, уый нырма сӕ хъуыддӕгты райдиан у ӕрмӕст. Ныр сӕ уромӕг нал бауромдзӕни, цӕмӕ нӕ бавналой — алцыдӕр сын бантысдзӕнис.
Уыдон ыл схъӕртӕ кодтой: «Фесӕф ардыгӕй! Ай ӕрцӕуӕггаг куы у, уӕд нын ам уынаффӕ кӕныныл цы схӕцыд? Фӕлӕуу афтӕ, мах дын ныртӕккӕ, уыдонӕн цы бакӕнинаг стӕм, уымӕй фыддӕртӕ куынӕ фӕуӕм!» Ныууырдыг сты Лотмӕ, дуар батоныныл архайынц.
Уымӕн ӕмӕ ацы адӕмӕн сӕ зӕрдӕтӕ ныддур сты, хъусӕй зынтӕй хъусынц ӕмӕ сӕ цӕстытӕ сӕхгӕдтой, цӕмӕй цӕстӕй дӕр ма феной, хъусӕй дӕр ма фехъусой ӕмӕ йӕ зӕрдӕйӕ дӕр ма бамбарой, се ’ргом Мӕм ма раздахой ӕмӕ сӕ Ӕз ма сдзӕбӕх кӕнон“.
Йесо базыдта, адӕм Ӕм ӕрбацӕуинаг кӕй сты, уый — паддзахӕй Йӕ сӕвӕрынмӕ, ӕмӕ иунӕгӕй фӕстӕмӕ хохмӕ ссыди.
Фӕлӕ уӕддӕр Йӕ хорз хъуыддӕгтӕй иудадзыг ӕвдыста Йӕхи: арвӕй уын ӕрвиты къӕвда ӕмӕ йӕ афоныл дӕтты зӕххы бӕркад; хойрагӕй уӕ хӕссы ӕмӕ уын уӕ зӕрдӕтӕ цинӕй ӕфсады».
Уӕд Антиохи ӕмӕ Иконийӕ ӕрцыдысты иудейӕгтӕ ӕмӕ адӕмы сардыдтой апостолты ныхмӕ. Павелыл ралӕууыдысты дурадзагъдӕй, ӕнхъӕл уыдысты, амарди, зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕ сыфцӕй ласӕгау фӕссахармӕ аластой.