33 дыккаг псаломы куыд фыст ис, афтӕ: „Ды Мӕ Фырт дӕ, Ды Мын абон райгуырдтӕ“.
«Хъусын кӕнын Дунедарӕджы уынаффӕ: афтӕ мын загъта Уый: „Ды Мӕ фырт дӕ; ды Мын абон райгуырдтӕ.
Ӕмӕ, мӕрдтӕй куы райгас ис, уӕд Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн уыцы ныхӕстӕ ӕрлӕууыдысты сӕ зӕрдыл ӕмӕ баууӕндыдысты Сыгъдӕг Фыстыл ӕмӕ, цы дзырдта, ууыл.
Фӕлӕ Йӕ Хуыцау мӕрдтӕй райгас кодта.
Хуыцау Ӕй мӕрдтӕй кӕй райгас кодта ӕмӕ Йын бамбийӕн кӕй нӕ уыдзӕн, уый тыххӕй та загъта афтӕ: „Давидӕн зӕрдӕ цы уаз хорзӕхтӕй бавӕрдтон — аивӕн сын нӕй, сымахӕн сӕ ратдзынӕн“.
Хуыцау Кӕй райгас кодта, Уый та нӕ бамбыди.
Фӕлӕ Хуыцау арӕдывта мӕлӕты рӕхыстӕ ӕмӕ Йӕ райгас кодта — мӕлӕтӕн Ӕй йӕ бон бауромын нӕ уыд.
Йесойы Хуыцау райгас кодта, ӕмӕ уымӕн мах не ’ппӕт дӕр стӕм ӕвдисӕнтӕ.
Синагогӕты ӕвӕстиатӕй райдыдта амонын, Йесо Хуыцауы Фырт у, зӕгъгӕ.
Чырысти дӕр, Алчер суӕвгӕйӕ, Йӕхӕдӕг Йӕхи не скадджын кодта, фӕлӕ Йын афтӕ Чи загъта: «Ды Мӕ Фырт дӕ, Ды Мын абон райгуырдтӕ», Уый Йын кад радта.