29 Йесойы тыххӕй цы фыст ӕрцыд, уыдон иууылдӕр куы сӕххӕст кодтой, уӕд Ӕй ӕристой дзуарӕй ӕмӕ Йӕ бавӕрдтой зӕппадзы.
Уӕдмӕ баизӕр ис, ӕмӕ, майрӕмбон кӕй уыди — сабатмӕ цӕттӕгӕнӕн бон, —
Иу лӕг, йӕ ном — Йосеф, синедрионы уӕнг, хӕларзӕрдӕ ӕмӕ раст адӕймаг,
Ауындзӕнӕй йӕ ӕриста, мӕрдӕмбӕрзӕны йӕ батыхта ӕмӕ йӕ, къӕдзӕхы хуылфы цы афтид зӕппадз уыди, уым бавӕрдта.
Уый фӕстӕ сын загъта: «Уемӕ ма куы уыдтӕн, уӕд уын Ӕз уымӕн дзырдтон, Моисейы Ӕгъдау, пехуымпарты чингуытӕ ӕмӕ псаломты Мӕн тыххӕй цы загъд ис, ӕппӕт уыдӕттӕ хъуамӕ сӕххӕст уой, зӕгъгӕ».
Уый фӕстӕ Йесо, ныридӕгӕн алцыдӕр кӕй сӕххӕст, уый зонгӕйӕ, цӕмӕй Сыгъдӕг Фысты цы загъд ис, уый кӕронмӕ сӕххӕст уа, уый тыххӕй сдзырдта: «Дойны Мын у».
Йесо туаг сӕнӕй куы ацахуыста, уӕд загъта: «Ӕппӕт дӕр сӕххӕст!» Уыйадыл Йӕ сӕр ӕркъул кодта ӕмӕ Йӕ уд систа.
Йерусалимы цӕрджытӕ ӕмӕ сӕ хицӕуттӕ Йесойы нӕ базыдтой ӕмӕ, алы сабат дӕр кӕй фӕкастӕуы, пехуымпарты уыцы ныхӕстӕ нӕ бамбӕрстой. Сӕххӕст сӕ кодтой, мӕлӕты тӕрхон Ын кӕй рахастой, уымӕй.
Хуыцау рагацау куыд бауынаффӕ ӕмӕ снысан кодта, афтӕ Йӕ сымах муртаттӕгты къухӕй байтыгътат дзуарыл ӕмӕ Йӕ амардтат.
Фӕлӕ абоны онг, Хуыцауы ӕххуысӕй, лӕууын ӕнӕфӕцудгӕ ӕмӕ дзурын хуымӕтӕг адӕмӕн дӕр ӕмӕ номдзыдтӕн дӕр. Дзургӕ та кӕнын, пехуымпартӕ ӕмӕ Моисей рагагъоммӕ цы загътой, ӕрмӕстдӕр уый.
цӕмӕй сӕххӕст кӕной, Дӕ хъомыс ӕмӕ Дӕ фӕндонӕй рагагъоммӕ нысангонд цы уыди, уый.
Сымах хъӕдыл Кӕй ӕрцауыгътат ӕмӕ амардтат, уыцы Йесойы нӕ фыдӕлты Хуыцау райгас кодта.
бавӕрдтой Йӕ, ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас ис, Фысты куыд загъд ис, афтӕ.