20 Афтӕ рацыд цыппарсӕдӕ фӕндзай азы. Уый фӕстӕ сын, пехуымпар Самуелы заманы онг, Хуыцау лӕвӕрдта тӕрхонгӕнджытӕ.
Мӕ адӕмӕн, Израилӕн, сӕ сӕргъы тӕрхоны лӕгтӕ куы ӕвӕрдтон, уыцы заман куыд уыди, афтӕ. Ӕз дӕ сӕдас кӕндзынӕн уе ’ппӕт знӕгтӕй дӕр. Дунедарӕг дын зӕгъы, дӕуӕн Уый Йӕхӕдӕг кӕй сараздзӕни хӕдзар.
Афтӕ уый тыххӕй бакодта, ӕмӕ израилаг ӕмӕ иудейаг паддзӕхты рӕстӕджыты Израилы адӕмӕн чи тӕрхон кодта, уыцы тӕрхоны лӕгты заманӕй фӕстӕмӕ Куадзӕн бӕрӕггонд никуыуал ӕрцыд.
Израилӕгтимӕ кӕмфӕнды куы хаттӕн, уӕд дӕр, Мӕ адӕмы, Израилы, кӕй бӕрны бакодтон, сӕ уыцы тӕрхоны лӕгтӕй кӕд кӕмӕн загътон, кедрӕй хӕдзар Мын цӕуылнӕ саразут, зӕгъгӕ?“
Самуел ӕмӕ йӕ фӕстӕ иннӕ пехуымпартӕ дӕр иууылдӕр абоны тыххӕй дзырдтой.
Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ-иу Дунедарӕг израилӕгтӕн радта фӕтӕджы, цӕмӕй сӕ уый абырджытӕй фервӕзын кӕна.
Хуыцауы Уд Гофниелыл ӕртыхсти, ӕмӕ уый сси Израилы фӕтӕг. Гофниел хӕстон балцы ацыд, ӕмӕ йын Дунедарӕг Арамы паддзах Кушан-Ришатаимы йӕ къухмӕ радта.
Фӕтӕгты заман иуахӕмы Израилы зӕххыл скодта ӕххормаг рӕстӕг. Ӕмӕ иудейаг Вифлеемӕй иу лӕг йӕ усимӕ ӕмӕ йӕ дыууӕ фыртимӕ ацӕрынмӕ ацыди Моавы быдырмӕ.
Уӕд Дунедарӕг рарвыста Иеруббаалы, Беданы, Йеффайы ӕмӕ мӕн, Самуелы, фервӕзын уӕ кодта уӕ алыварс знӕгтӕй, ӕмӕ цардыстут ӕдасӕй.
Ӕмӕ Данӕй суанг Беер-Шевӕйы онг ӕппӕт Израил дӕр базыдта, Дунедарӕг Самуелы Йӕхицӕн пехуымпарӕй кӕй равзӕрста, уый.