Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 13:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Антиохийы аргъуаны уыди пехуымпартӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕ: Варнавӕ, Нигер кӕй хуындӕуыд, уыцы Симеон, киренӕйаг Лукий, ӕлдариуӕггӕнӕг Иродимӕ чи хъомыл кодта, уыцы Манаин, ӕмӕ Савл.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Апостолты хъуыддӕгтӕ 13:1
34 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Куы рацыдысты, уӕд фӕндагыл иу киренӕйаг лӕгыл амбӕлдысты, йӕ ном — Симон, ӕмӕ Йесойы дзуар уымӕн ахӕссын кодтой.


Уыцы цау ӕрцыди кесӕр Тиверийы паддзахиуӕджы фынддӕсӕймаг аз. Уӕд Понтий Пилат хицауиуӕг кодта Иудейы, Ирод — Галилейы, йе ’фсымӕр Филипп — Итурей ӕмӕ Трахониты, Лисани — Абилинийы,


Ӕмӕ сӕ ныхас сӕххӕст кодтой: цы сӕм ӕрӕмбырд ис, уый Варнавӕ ӕмӕ Савлимӕ арвыстой аргъуаны хистӕртӕм.


Варнавӕ ӕмӕ Савл, цы сын бафӕдзӕхстой, уый куы сӕххӕст кодтой, уӕд Йерусалимӕй ӕрбаздӕхтысты. Семӕ ракодтой, Марк кӕй хуыдтой, уыцы Иоанны.


Фӕлӕ Савл (Павел дӕр ма йӕ хуыдтой) схайджын ис Сыгъдӕг Удӕй, ӕдзынӕг ныккаст Елимамӕ


Иудӕ ӕмӕ Силӕ сӕхӕдӕг пехуымпартӕ уыдысты, бирӕ фӕныхас кодтой ӕфсымӕртимӕ, бауагътой сӕ ныфс ӕмӕ сын бафтыдтой сӕ уырнындзинадыл.


Павел ӕмӕ Варнавӕ та баззадысты Антиохийы, бирӕ ӕндӕр ӕфсымӕртимӕ амыдтой адӕмӕн ӕмӕ хъусын кодтой Бардарӕджы ныхас.


Павел сыл йӕ къухтӕ куы авӕрдта, уӕд Сыгъдӕг Удӕй схайджын сты, райдыдтой ӕндӕр ӕвзӕгтыл дзурын ӕмӕ пехуымпариуӕг кӕнын.


Филиппӕн уыди, пехуымпариуӕг чи кодта, ахӕм цыппар ӕнӕцыд чызджы.


Зӕгъӕм, апостолтӕ фӕсномыгӕй Варнавӕ (ома Ныфсдӕттӕг) кӕй хуыдтой, уыцы кипраг левит Йосефмӕ уыди зӕххы хай.


Савлӕн раздӕрау ӕнӕуынон уыдысты Бардарӕджы ахуыргӕнинӕгтӕ, ӕртхъирӕнтӕ сӕм кодта амарынӕй. Бацыд алчермӕ


Саламтӕ уын ӕрвитынц ме ’мкусӕг Тимофей, ме ’мбӕстӕгтӕ Лукий, Йасон ӕмӕ Сосипатр.


Кувгӕйӕ кӕнӕ пехуымпариуӕг кӕнгӕйӕ, бӕгъӕмсар цы нӕлгоймаг нӕ уа, уый йӕхи ӕмӕ йӕ Хицауы ӕгад кӕны.


Кӕд мӕм ис пехуымпар ныхас кӕныны курдиат, зонын ӕппӕт сусӕгдзинӕдтӕ, ис мӕм алы зонынад, стӕй хӕхтӕ ӕндӕр ран ӕрӕвӕрын кӕй бон у, ахӕм уырнындзинад, уарзт та мӕм нӕй, — уӕд ӕз ницы дӕн.


Уарзтӕн кӕрон никуы уыдзӕни, пехуымпарад та банцайдзӕн, алыхуызон ӕвзӕгты курдиат нал уыдзӕни, зонынадӕн ӕрцӕудзӕни кӕрон.


Пехуымпартӕ дӕр дзурӕнт дыууӕйӕ кӕнӕ ӕртӕйӕ, иннӕтӕ та сын сӕ ныхас ӕвзарӕнт.


Пехуымпар хъуамӕ йӕ удӕн фӕтк дӕттын зона,


Ӕви ӕрмӕст мӕнӕн ӕмӕ Варнавӕйӕн нӕй нӕ кусыны бар?


Йемӕ цӕстмӕмитӕ кодтой иннӕ иудейӕгтӕ дӕр, суанг ма сӕ Варнавӕ дӕр бафӕзмыдта.


Ӕмӕ мын Хуыцау цы хорзӕх радта, уый куы базыдтой, уӕд Йаков, Кифӕ ӕмӕ Иоанн — аргъуаны цӕджындзтыл кӕй нымайынц, уыдон — немӕ ӕмгуысты нысанӕн мӕнӕн ӕмӕ Варнавӕйӕн райстой нӕ къухтӕ, цӕмӕй мах ацӕуӕм муртаттӕгтӕм, уыдон та — сунӕтгӕндтӕм.


Ӕмӕ Уый иуты сӕвӕрдта апостолтӕй, иннӕты — пехуымпартӕй, аннӕты — Фарны Уац хъусынгӕнджытӕй, кӕйдӕрты та — фыййӕуттӕй ӕмӕ ахуыргӕнджытӕй,


Саламтӕ уын ӕрвитынц ӕппӕт сыгъдӕджытӕ, уӕлдайдӕр та кесӕры хӕдзаронтӕ.


Пехуымпарадмӕ уазал цӕстӕй ма кӕсут.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ