Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 12:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Ирод мӕсты уыди Тир ӕмӕ Сидоны цӕрджытӕм. Уыдон та баныхас кодтой иумӕ ӕмӕ йӕм ӕрбацыдысты; балхӕдтой паддзахы галуаны уынаффӕгӕнӕг Бласты зӕрдӕ, ӕмӕ куырдтой фидыд, уымӕн ӕмӕ сӕ бӕстӕйӕн хойраг истой паддзахы бӕстӕйӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Апостолты хъуыддӕгтӕ 12:20
24 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ханааны байзӕддӕгтӕ: йӕ хистӕр — Сидон, уый кӕстӕр — Хет,


сӕ зӕххытӕ Сидонӕй Герары ’рдӕм ӕххӕссыдысты Газӕйы онг, Содом, Гоморрӕ, Адма ӕмӕ Цевоимы ’рдӕм та — Лешайы онг.


Дӕ хъӕддзаутӕн дын ӕз ратдзынӕн ссӕдз мин коры мӕнӕу, иу уый бӕрц та — хъӕбӕрхор, стӕй ссӕдз мин баты сӕн ӕмӕ иу уый бӕрц та — оливӕйы сой».


Мӕнӕу, хъӕбӕрхор, сой ӕмӕ сӕны кой скодтай, ӕмӕ-иу уыдон та дӕхи кусджытӕн рарвит.


Уымӕ гӕсгӕ дурамайджытӕ ӕмӕ хъӕдгуыстгӕнджытӕн райдыдтой ӕвзист дӕттын, сидойнӕгтӕн ӕмӕ тирӕгтӕн та — хойраг, нуазинаг ӕмӕ оливӕйы сой, цӕмӕй Ливанӕй Яффомӕ кедры хъӕд ласой, Персы паддзах Киры бардзырдмӕ гӕсгӕ.


Загъд райдыдта — донмарӕн ратыдта; цалынмӕ нӕ сабухта, уӕдмӕ дӕхи ’рсабыр кӕн.


Фӕндтӕ кӕнгӕйӕ, искӕимӕ уынаффӕ кӕн; тӕрхӕтты фӕстӕ тохы бацу.


Дӕ паддзах дӕм куы смӕсты уа, уӕд дӕ куыстӕй ма алидз; сӕрныллӕгӕн бирӕ рӕдыдтӕ ныххатыр кӕнынц.


Демӕ базар кодтой Иудей ӕмӕ Израил. Дӕ базайрӕгты ныхмӕ дын лӕвӕрдтой Миннитӕй ласт мӕнӕу, легъуитӕ, мыд, оливӕйы сой ӕмӕ ӕвдадз.


Ӕмӕ хицау раппӕлыд йӕ мӕнгард хӕдзаргӕсӕй, афтӕ кӕй сарӕхсти, уый тыххӕй, уымӕн ӕмӕ ацы дунейы хъӕбултӕ, сӕхи хуызӕн чи у, уыдонимӕ исты хъуыддӕгтӕ куы фӕаразынц, уӕд рухсы хъӕбултӕй ӕрхъуыдыджындӕр вӕййынц.


Нысангонд бон Ирод паддзахы дарӕсы сбадти къӕлӕтджыны ӕмӕ дзырдта семӕ.


Баввахс стӕм Кипрмӕ ӕмӕ йӕ фӕуагътам галиуӕрдыгӕй. Нӕ ных сарӕзтам Сиримӕ ӕмӕ бацыдыстӕм Тирмӕ. Ам хъуыди равдӕлон кӕнын нау.


Тирӕй ӕрхӕццӕ стӕм Птолемаидӕмӕ. Уым фембӕлдыстӕм ӕфсымӕртимӕ ӕмӕ сӕм фестӕм иу бон.


дарддӕр фӕзылд Рамамӕ, бацыди фидар сахар Тиры онг, фӕзылди Хосамӕ ӕмӕ Зӕххастӕуы денджызы былгӕрӕттыл банцад. Уымӕй уӕлдай Асиры зӕххытӕм хаудтой Махалав, Ахзив,


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ