Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 12:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Кардӕй амарын кодта Иоанны ӕфсымӕр Йаковы.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Апостолты хъуыддӕгтӕ 12:2
10 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ахав Иезавелӕн радзырдта, Илийа цыдӕриддӕр сарӕзта, уыдӕттӕ, стӕй, пехуымпарты се ’ппӕты дӕр карды амӕттаг кӕй бакодта, уый.


Уый Йын дзуапп радта: «Ӕз Дунедарӕджы, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы сӕраппонд удуӕлдай куыст кодтон, фӕлӕ Израилы адӕм, семӕ цы фидыд сарӕзтай, уый фехӕлдтой, ныппырх Дын кодтой Дӕ нывондхӕссӕнтӕ, Дӕ пехуымпарты Дын карды амӕттаг бакодтой. Иунӕг ӕз ма дзы баззадтӕн, ӕмӕ мӕ фӕдыл дӕр бафтыдысты, марынвӕнд мӕ скодтой».


Уыдон Уриайы Мысырӕй Иоакиммӕ ӕркодтой, ӕмӕ йӕ уый кардӕй амарын кодта, йӕ мард та йын, хуымӕтӕг адӕмы кӕм фӕныгӕнынц, уыцы ингӕны ныппарын кодта.)


Уый сын загъта: «Мӕ хъизӕмӕртты кӕхцӕй нуаздзыстут [ӕмӕ уыл саргъуыдӕуыдзӕн, Ӕз кӕй райсдзынӕн, ахӕм аргъуыдӕй]. Мӕ рахизфарс ӕмӕ Мӕ галиуфарс чи сбаддзӕни, уый та Мӕнӕй аразгӕ нӕу, уымӕн ӕмӕ уыцы бынӕтты, Мӕ Фыд сӕ кӕмӕн ӕрцӕттӕ кодта, уыдон сбаддзысты».


Йесомӕ бацыдысты Зеведейы фырттӕ Йаков ӕмӕ Иоанн ӕмӕ Йын загътой: «Ахуыргӕнӕг, фӕнды нӕ, цӕмӕй нын нӕ курдиат сӕххӕст кӕнай».


Йесо сын загъта: «Цы курут, уый уӕхӕдӕг дӕр не ’мбарут. Ӕз цы хъизӕмӕртты кӕхцӕй нуазын, уый бануазын кӕнӕ, Ӕз Мӕхимӕ кӕй исын, ахӕм аргъуыд райсын уӕ бон бауыдзӕн?»


Уыдон Ын дзуапп радтой: «Бауыдзӕн». Ӕмӕ сын уӕд Йесо загъта: «Ӕз цы хъизӕмӕртты кӕхцӕй нуазын, уымӕй нуаздзыстут ӕмӕ уыл саргъуыдӕуыдзӕн, Ӕз кӕй райсдзынӕн, ахӕм аргъуыдӕй.


Уыцы рӕстӕг паддзах Ирод райдыдта аргъуаны уӕнгтӕй иуӕй-иуты фӕдыл зилын.


Дурты бын-иу сӕ фӕкодтой, ахырхтой-иу сӕ, [ракъахыны охыл сӕ хъизӕмарӕй мардтой], карды цӕфӕй мардысты, фысдзӕрмтты ӕмӕ сӕгъдзӕрмтты рахау-бахау кодтой, уыдысты мӕгуыр, цардӕфхӕрд ӕмӕ ссӕст.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ