15 Уыдон ын загътой: «Дӕ зонд фӕцыди!» Фӕлӕ Родӕ ныллӕууыд, цы загъта, уый ӕцӕг у, зӕгъгӕ. Уыдон та дзырдтой: «Уый Петрӕн йӕ зӕд у».
алы бӕллӕхӕй мӕ Чи хызта, уыцы зӕд — ракӕнӕд ацы лӕппутӕн арфӕ! Ацы лӕппутӕ хӕссӕнт мӕ ном, мӕ фыдӕлтӕ Авраам ӕмӕ Исаакы ном! Дунейыл ӕнӕнымӕц бирӕ бауӕд сӕ байзӕддаг!»
Куы Йӕм ныхъхъӕр кӕнин, ӕмӕ мын дзуапп куы раттид, уӕд дӕр мӕ нӕ бауырнид, кӕй мӕм байхъусдзӕн, уый.
Хъусут, ацы кӕстӕртӕй иуыл дӕр ӕнӕввӕрсон ма ут. Зӕгъын уын: уыдонӕн сӕ зӕдтӕ уӕлӕрвты ӕдзух уынынц Мӕ Уӕларвон Фыды цӕсгом.
Фӕлӕ уыдон, Йесо райгас ис ӕмӕ Йӕ Мариа федта, зӕгъгӕ, уый куы фехъуыстой, уӕд сӕ нӕ бауырныдта.
Ӕппынфӕстаг Йесо Йӕ иуӕндӕс ахуыргӕнинагмӕ раргом ис, фынджы уӕлхъус куы бадтысты, уӕд. Ӕмӕ сын бауайдзӕф кодта, уырнындзинад сӕм кӕй нӕ уыд, сӕ зӕрдӕтӕ ӕхгӕд кӕй разындысты ӕмӕ, Йӕ райгасы фӕстӕ Йӕ чи федта, уыдоныл кӕй нӕ баууӕндыдысты, уый тыххӕй.
Рацыдаид сахаты бӕрц, ӕмӕ та йӕм иу лӕг бауырдыг ис: «Ай дӕр, ӕнӕмӕнг, Йемӕ уыди, уымӕн ӕмӕ галилейаг у».
Фӕлӕ сыл нӕ баууындыдысты, афтӕ сӕм фӕкаст, цыма уыдон ӕрмӕст афтид ныхӕстӕ сты.
Петр та хоста ӕмӕ хоста кулдуар, ӕмӕ йӕ ӕппынфӕстаг куы байгом кодтой, уӕд ӕй федтой ӕмӕ стыр дисы бафтыдысты.
Павел йӕхи афтӕ куы раст кодта, уӕд Фест хъӕрӕй загъта: «Ды сӕрхъӕн дӕ, Павел! Фыр ахуырӕй дӕ зонд фӕцыд».