Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 11:28 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

28 Уыдонӕй иу, йӕ ном — Агав, сыстад ӕмӕ радзырдта, Сыгъдӕг Уд ын цы раргом кодта, уый: ӕппӕт дунейы скӕндзӕн ӕххормаг заман. Йӕ рагуац сӕххӕст кесӕр Клавдийы заманы.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Апостолты хъуыддӕгтӕ 11:28
10 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

ӕмӕ фараон йӕ дӕлдӕртӕн загъта: «Кӕм ма ссардзыстӕм ӕндӕр ахӕм адӕймаджы, Хуыцауы Удӕй хайджын чи уа?»


Ацы Фарны Уац фӕхӕццӕ уыдзӕн дунейы ӕппӕт кӕрӕттӕм, Уӕларвон Паддзахады тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусдзысты, ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕни кӕрон.


Сыстдзысты адӕм адӕмы ныхмӕ ӕмӕ паддзахад паддзахады ныхмӕ, ранӕй-рӕтты скӕндзӕни стонг рӕстӕг, уыдзӕни зӕххӕнкъуыстытӕ.


Уыцы рӕстӕг кесӕр Август уынаффӕ рахаста ӕппӕт бӕстӕйы цӕрджыты сфыссыны тыххӕй.


Уыцы цау ӕрцыди кесӕр Тиверийы паддзахиуӕджы фынддӕсӕймаг аз. Уӕд Понтий Пилат хицауиуӕг кодта Иудейы, Ирод — Галилейы, йе ’фсымӕр Филипп — Итурей ӕмӕ Трахониты, Лисани — Абилинийы,


Уым сӕмбӕлди, йӕ ном Акилӕ кӕмӕн уыд, ахӕм цавӕрдӕр понтаг иудейагыл йӕ ус Прискиллӕимӕ. Уыдон ӕрӕджы ӕрцыдысты Италийӕ, уымӕн ӕмӕ, кесӕр Клавдийы бардзырдмӕ гӕсгӕ, ӕппӕт иудейӕгтӕ дӕр хъуамӕ Ромӕй ацыдаиккой. Павел ӕрбацыди уыдонмӕ,


Дзӕвгар рӕстӕг сӕм куы фестӕм, уӕд Иудейӕ иу пехуымпар ӕрцыд, йӕ ном — Агав.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ