2 Ӕмӕ Петр Йерусалиммӕ куы ӕрбацыд, уӕд ын сунӕтгонд уырнджытӕ уайдзӕф кодтой:
Петримӕ чи ӕрцыд, уыцы уырнджытӕ сунӕтгӕндтӕ уыдысты; ӕмӕ муртаттӕгтӕ дӕр Сыгъдӕг Удӕй кӕй схайджын сты, уый сӕ дисы бафтыдта.
Дыккаг бон, уыдон ма фӕндагыл куы уыдысты ӕмӕ сӕ сахармӕ бирӕ куынӕуал хъуыд, уӕд Петр ӕмбисбонмӕ хӕстӕг бакувынмӕ схызти хӕдзары сӕрмӕ.
Иудейӕ чидӕртӕ ӕрбацыд ӕмӕ ӕфсымӕртӕн райдыдтой амонын: «Моисейы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ сунӕт куынӕ скӕнат, уӕд нӕ фервӕздзыстут».
Фӕлӕ, Йесойыл чи баууӕндыд, уыцы фарисейтӕй чидӕртӕ сыстадысты ӕмӕ дзырдтой, зӕгъгӕ, муртаттӕгтӕ хъуамӕ кӕной сунӕт ӕмӕ сын хъӕуы бафӕдзӕхсын Моисейы Ӕгъдау ӕххӕст кӕнын.
ӕмӕ Иуст кӕй хонынц, уыцы Йесо. Сунӕтгӕндтӕй ӕрмӕст уыдон кусынц мемӕ Хуыцауы Паддзахадӕн; стыр ныфс мын сты.
Уымӕн ӕмӕ ис, ӕнӕпайда ныхас чи кӕны ӕмӕ адӕмы чи фӕливы, бирӕ ахӕм хивӕндтӕ, уӕлдайдӕр сунӕтгӕндтӕй.