5 Арвит Яффомӕ адӕмы ӕмӕ ӕрхон, Петр кӕй хонынц, уыцы Симоны.
Снысан кодта дыууадӕс адӕймаджы: Симоны (радта йын ном «Петр»);
Ӕмӕ йӕ Йесомӕ ӕрбакодта. Йесо йӕм бакаст ӕмӕ йын загъта: «Иоанны фырт Симон, дӕ ном уыдзӕни Кифӕ» (ома «дур», бердзенагау — Петр).
бахъӕр кодтой ӕмӕ бафарстой: «Петр кӕй хонынц, уыцы Симон сымахмӕ ис?»
Арвит Яффомӕ ӕмӕ ӕрхон, Петр кӕй хонынц, уыцы Симоны. Уый уазӕгуаты ис цӕрмгуыстгӕнӕг Симоны хӕдзары, денджызы был“.
Дзӕвгар ыл куы фӕбыцӕу кодтой, уӕд Петр сыстад ӕмӕ загъта: «Ӕфсымӕртӕ, сымах зонут, фыццаг бонтӕй фӕстӕмӕ Хуыцау сымахӕй мӕн сӕвзӕрста, цӕмӕй муртаттӕгтӕ мӕ дзыхӕй фехъусой Фарны Уац ӕмӕ баууӕндой.
Уыцы ӕхсӕв Павел федта цӕстылуайӕн: йӕ разы ӕрлӕууыд иу македойнаг лӕг ӕмӕ йӕм хатыд: «Ӕрцу Македонимӕ ӕмӕ нын баххуыс кӕн».
Яффойы уыдис иу уырнӕг сылгоймаг, йӕ ном — Тавифӕ (ома Сычъи). Бирӕ хорз хъуыддӕгтӕ арӕзта, мӕгуыртӕн ӕххуыс кодта.
Лиддӕ Яффомӕ хӕстӕг уыд, ӕмӕ, ахуыргӕнинӕгтӕ куы фехъуыстой, Петр уым ис, зӕгъгӕ, уӕд ӕм арвыстой дыууӕ адӕймаджы, цӕмӕй йын зӕгъой: «Рацу нӕм ӕвӕстиатӕй».
Уыцы хабар айхъуыст ӕгас Яффойыл, ӕмӕ бирӕтӕ баууӕндыдысты Бардарӕгыл.
Ӕмӕ ма Петр бирӕ рӕстӕг фӕци Яффойы, цӕрмгуыстгӕнӕг Симоны хӕдзары.