Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Амос 9:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Рӕхджы ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ хуымгӕнӕг хуыммӕ рацӕудзӕн, фӕлӕ хуымгӕрдӕг нырма уыдзӕнис уым; тауӕг рацӕудзӕн, фӕлӕ нырма сӕн ссӕнддзысты. Хӕхтӕй сӕн ракӕлдзӕн, ӕмӕ къуыбыртӕ сфӕлмӕн уыдзысты.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Амос 9:13
15 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Иудӕ йӕ къӕлӕуы сӕнӕфсиры зӕнгыл бӕтдзӕнис, талаты хуыздӕрыл бӕтдзӕни йӕ къӕлӕуы. Ӕнхъӕвздзӕн йӕ пӕлӕз сӕнӕфсиры доны, сӕнӕфсиры туджы ӕнхъӕвздзӕни йӕ дарӕс.


Зарут Дунедарӕгӕн дыууадӕстӕнонты цагъдимӕ, Зарут хъӕрӕй дыууадӕстӕнонты зӕлтимӕ!


Сойджын зӕххыл цин ӕмӕ хъӕлдзӕгдзинадӕн фесӕфти сӕ кой дӕр, сӕндӕттӕй цины зарӕг нал хъуысы. Сӕндондартӕ сӕн нал дуцынц сӕ сӕндуцӕнты, кӕрон ӕрцыди цины хъӕртӕн.


Сындзкъутӕры бӕсты ӕрзайдзӕни кипарис, пысырайы бӕсты та — мирт. Ӕмӕ уый уыдзӕни Дунедарӕджы кадӕн, уыдзӕни мыггагмӕйы ӕвдисӕйнаг, ӕнӕфехалгӕ нысан.


Цӕрдзысты йыл ӕдасӕй. Сараздзысты хӕдзӕрттӕ, ныссадздзысты сӕндӕттӕ, ӕмӕ йыл ӕдасӕй цӕрдзысты, уымӕн ӕмӕ Ӕз стӕрхон кӕндзынӕн, алырдыгӕй сӕм саузӕрдӕ чидӕриддӕр дардта, уыдонӕн. Ӕмӕ уӕд Израилы адӕм базондзысты, Ӕз Дунедарӕг, сӕ Хуыцау, кӕй дӕн, уый».


уӕд уыдон зӕгъдзысты: „Ацы гӕныстон зӕхх Едемы дыргъдон фестади; хӕлд, гӕныстон ӕмӕ пырх сахартӕ дӕр ногӕй рацарӕзтой ӕмӕ адӕмӕй байдзаг сты“.


Уӕ хордӕттӕ байдзаг уыдзысты хорӕй, уӕ сӕндуцӕнтӕ — сӕнӕфсиры дон ӕмӕ сойӕ.


Уыцы заман хӕхтӕй ракӕлдзӕн сӕн, къуыбыртӕй — ӕхсыр, Иудӕйы ӕрхытӕ иууылдӕр донӕй байдзаг уыдзысты. Дунедарӕджы Кувӕндонӕй суадон ракӕлдзӕн ӕмӕ Ситтимы дӕлвӕз бафсаддзӕнис.


Иудӕ ӕмӕ Йерусалим мыггагмӕ нӕ фесӕфдзысты.


Уӕ найгӕнӕнтӕ-иу суанг сӕнӕфсир тоныны афонтӕм ахӕццӕ уыдзысты; уӕ сӕнӕфсир-иу тынд нӕма фӕуыдзӕн, афтӕ-иу хортауӕн афон ралӕудзӕн. Хойрагӕй уыдзыстут ӕфсӕст ӕмӕ ӕдасӕй цӕрдзыстут уӕ зӕххыл.


Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, зӕххыл куы андзӕва, уӕд зӕхх сӕнкъуысдзӕн, ӕмӕ йыл чидӕриддӕр цӕры, уыдон ныддодой кӕндзысты. Зӕхх хӕрдмӕ фӕцӕудзӕнис Нилау, Мысыры цӕугӕдонау фӕстӕмӕ ӕрцӕудзӕнис дӕлӕмӕ.


Сымах афтӕ нӕ фӕзӕгъут, мыййаг, хуымгӕрдӕнтӕм ма цыппар мӕйы баззади, зӕгъгӕ? Ӕз та уын зӕгъын: акӕсут-ма уӕ цӕстытӕй ӕмӕ фенут, хуымтӕ ныридӕгӕн кӕрдинаг кӕй сты, уый.


Синайы Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы раз, рызтызты хӕхтӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ