Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Амос 8:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Уый мӕ бафарста: «Цы уыныс, Амос?» Ӕз Ын дзуапп радтон: «Рӕгъӕд дыргъты чыргъӕд». Уӕд мын Дунедарӕг загъта: «Мӕ адӕмӕн, Израилӕн, сӕ кӕрон ӕрцыд, нал сын ныббардзынӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Амос 8:2
25 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ӕмӕ Хуыцау загъта Нойӕн: «Зӕххыл чидӕриддӕр цӕры, уыдоны хъуамӕ фесафон: сӕ фыдмитӕй йӕ байдзаг кодтой. Бабын сӕ кӕндзынӕн зӕххимӕ иумӕ.


Йӕ аив фӕлысты баруайгӕ дидинӕгӕн, дзаджджын уӕлвӕзӕн йӕ хъысмӕт уыдзӕни, афонӕй раздӕр цы легъуи сцӕттӕ вӕййы, уый йе ’ртонӕг куыд аныхъуыры, уый хуызӕн.


Ӕз халдейӕгты раз дзуапп дӕттынӕн баззайдзынӕн Мицпайы, уымӕн ӕмӕ нӕм уыдон ардӕм цӕудзысты. Сымах та ӕрӕфтауц кӕнут сӕн, сӕрдыгон дыргътӕ ӕмӕ оливӕйы сой, уӕ мигӕнӕнты сӕ ӕрӕфснайут ӕмӕ, цы сахартӕ бацахстат, уыдоны цӕрут».


пехуымпартӕн сӕ рагуацтӕ мӕнг сты, се ’ххуысӕй сауджынтӕ хицауиуӕг кӕнынц, Мӕ адӕмӕн та уыдӕттӕ сты ӕхсызгон. Ӕмӕ ӕппӕт уыдӕтты фӕстӕ цы фӕуыдзыстут?


Нӕ хӕдзӕрттӕй нын ракӕсӕн куынӕуал ис, куы бабадтысты не знӕгтӕ нӕ размӕ! Мӕлӕт ӕрбахӕстӕг, нӕ бонтӕ сты нымад! О, мӕнӕ ис нӕ мӕлӕт!


Израилы адӕмӕн зӕгъ: „Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Ӕз кӕрон скӕндзынӕн уыцы ӕмбисондӕн, ӕмӕ йӕ ничиуал дзурдзӕн Израилы адӕмӕй“. Ноджы сын зӕгъ: „Алы цӕстылуайӕнӕн дӕр йӕ сӕххӕсты афон ӕрхӕстӕг.


Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: мӕнӕ дӕм Ӕз кард сисдзынӕн, ныццӕгъддзынӕн дын дӕ адӕмы дӕр ӕмӕ дӕ фос дӕр.


Загъта ма мын: «Адӕймаджы фырт! Цы ныхӕстӕ дын зӕгъын, уыдонмӕ се ’ппӕтмӕ дӕр лӕмбынӕг байхъус ӕмӕ сӕ дӕ зӕрдыл бадар.


Израилы адӕмы та нӕ бафӕнддзӕни дӕумӕ байхъусын, уымӕн ӕмӕ Мӕ коммӕ нӕ кӕсынц — Израилы адӕм се ’ппӕт дӕр хивӕнд ӕмӕ къӕйных сты.


Кӕрон ӕрцыд, ӕрхӕццӕ ис кӕрон, сыстади дӕ ныхмӕ! Мӕнӕ ӕрбаввахс кӕны,


Дунедарӕг мын загъта: «Уыныс, адӕймаг, Израилы хистӕртӕй алчидӕр талынджы, йӕ гуымирыты нывтӕй фӕлыст уаты, цытӕ кӕны, уый? Уыдон дзурынц, Дунедарӕг мах нӕ уыны, зӕгъгӕ, Йӕхи, дам, атигъ кодта ацы зӕххыл».


Дунедарӕг мын загъта: «Уыныс, адӕймаг? Иудейы адӕм ацы ран цы ’лгъаг митӕ кӕнынц, уыдон сын фаг не сты! Нӕ, фӕлӕ ма ӕгас бӕстӕ байдзаг кодтой фыдмитӕй ӕмӕ Мын ноджы тынгдӕр ссыгътой Мӕ маст. Кӕс-ма, къалиутӕ сӕ фындзтӕм куыд схӕссынц, уымӕ.


Дунедарӕг мын загъта: «Адӕймаджы фырт! Федтай, цытӕ аразынц, уый? Уыныс, Израилы адӕм ацы ран цытӕ аразынц, уый? Ӕвирхъау ӕлгъаг митӕ кӕнынц, цӕмӕй Ӕз Мӕ Кувӕндон ныууадзон. Фӕлӕ кӕс дарддӕр, ӕмӕ ноджы фыддӕр ӕлгъаг митӕ фендзынӕ».


Тӕрхоны бонтӕ ӕрхӕццӕ сты, тӕригъӕдтӕ фидыны рӕстӕг ӕрцыд — уадз ӕмӕ уый базона Израил! Сымах пехуымпары ӕдылыйыл нымайут, Хуыцауы Удӕй хайджын чи у, уый та — ӕнӕзондыл, тӕригъӕдджын кӕй стут ӕмӕ уе ’нӕуынондзинад стыр кӕй у, уый тыххӕй.


Дунедарӕг мӕ бафарста: «Цы уыныс, Амос?» Ӕз ын дзуапп радтон: «Ауыгъд зды». Дунедарӕг мын загъта: «Рӕхджы Ӕз Мӕ адӕмы, Израилы, астӕу ауыгъд зды сӕвӕрдзынӕн; нал сын ныббардзынӕн.


Дунедарӕг Хуыцау мын фенын кодта ахӕм ныв: цыма мӕ разы уыди рӕгъӕд дыргъты чыргъӕд.


Додойаг фӕдӕн! Цыма сӕрды бӕркад ӕрӕмбырд кодтой ӕмӕ сӕнӕфсиртӕ ӕфснайд ӕрцыдысты, уыйау иунӕг гага дӕр никуыуал ис, рӕгъӕд дыргъы мур нал зыны бӕстыл.


Зӕд мӕ бафарста: «Цы уыныс?» Ӕз дзуапп радтон: «Тухгӕ чиныг ӕрбатӕхы уӕлдӕфы: йӕ дӕргъ — ссӕдз ӕлмӕрины, йӕ уӕрх — дӕс ӕлмӕрины».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ