1 Дунедарӕг Хуыцау мын фенын кодта ахӕм ныв: цыма мӕ разы уыди рӕгъӕд дыргъты чыргъӕд.
Навуходоносор, Вавилоны паддзах, Йерусалимӕй Вавилонмӕ уацары акодта Иудейы паддзах Йехониайы, Иоакимы фырты, стӕй иудейаг уӕздӕтты, куырдты ӕмӕ ӕрмдӕсныты. Уыцы заман мын Дунедарӕг фенын кодта цӕстылуайӕн: мӕнӕ Дунедарӕджы хӕдзары цур лӕууынц дыууӕ чыргъӕды, легъуи бӕласы дыргътимӕ.
Дунедарӕг Хуыцау мын фенын кодта ахӕм ныв: фӕззыгон кӕрдӕг куы сцӕйзад ӕмӕ паддзахы хуымтӕ карст куы ’рцыдысты, уӕд Уый фӕзынын кодта мӕтыхтӕ.
Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: дӕ бинойнаг адӕмы бын баззайдзӕн, дӕ фырттӕ ӕмӕ дӕ чызджытӕ кардылӕфтыд фӕуыдзысты, зӕхбарӕг дын дӕ зӕхх байуардзӕн. Дӕхӕдӕг тӕригъӕдджын зӕххыл амӕлдзынӕ, израилӕгты та ӕцӕгӕлон зӕхмӕ уацары акӕндзысты».
Дунедарӕг Хуыцау мын фенын кодта ахӕм ныв: Дунедарӕг Хуыцау арт ссыгъта, ӕмӕ уый стыр денджыз ӕмӕ зӕххы хай аныхъуырдта.
Уый мын ноджы фенын кодта ахӕм ныв: уырдыг сисы сӕрыл лӕууыди Бардарӕг, Йӕ къухы — ауыгъд зды.
Уый мӕ бафарста: «Цы уыныс, Амос?» Ӕз Ын дзуапп радтон: «Рӕгъӕд дыргъты чыргъӕд». Уӕд мын Дунедарӕг загъта: «Мӕ адӕмӕн, Израилӕн, сӕ кӕрон ӕрцыд, нал сын ныббардзынӕн.