Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Амос 6:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Тагъд уын Ӕз, израилӕгтӕ, — зӕгъы Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — уӕ ныхмӕ ахӕм адӕмы сыстын кӕндзынӕн, ӕмӕ уӕ Лево-Хаматӕй суанг Аравы онг ассӕнддзысты!

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Амос 6:14
13 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Соломон Дунедарӕджы раз куывд скодта. Ӕгас Израил, Лево-Хаматӕй суанг Мысыры арӕны раз цы цӕугӕдон калд, уый онг чи царди, уыдон иууылдӕр — тынг бирӕ дзыллӕ — ӕрӕмбырд сты уыцы куывдмӕ ӕмӕ фӕминас кодтой иннабонӕй иннабонмӕ.


Йеровоам ногӕй ӕрфидар кодта, Ливаны дӕлвӕзмӕ цӕгатӕрдыгӕй, Хаматы сахарӕй, куы бахизай, суанг уырдыгӕй райдай ӕмӕ Мард денджызы онг Израилӕн раздӕр цы арӕнтӕ уыди, уыдон. Афтӕ сӕххӕст ис, Дунедарӕг Йӕ цагъары, гат-хефераг пехуымпар Амиттайы фырт Ионӕйы уылты цы загъта, уый.


Израилы паддзах Фекахы заман Израилмӕ ӕрбабырста Тиглат-Пилесер, Ассирийы паддзах. Бацахста сахартӕ Ийон, Авел-Бет-Мааха, Йаноах, Кедеш ӕмӕ Хацор; Галаад ӕмӕ Галилейы зӕххытӕ, стӕй Неффалимы хӕдзарвӕндаджы зӕхх иууылдӕр. Сӕ цӕрджытӕ хаст ӕрцыдысты Ассиримӕ.


Осиайы паддзахиуӕджы фарӕстӕм аз, бацахста. Израилы адӕмы атардта Ассиримӕ ӕмӕ сӕ уым ӕрцӕрын кодта Халахы зӕххыл, Гозаны зӕххыл Хаворы доны былгӕрӕтты, стӕй Мидийы сахарты.


Бардарӕг Евфраты фале баххуырсдзӕн Ассирийы паддзахы, ӕмӕ уын уый адасдзӕни уӕ сӕртӕ ӕмӕ уӕ къӕхтӕ, суанг ма уын уӕ боцъотӕ дӕр алвындзӕн.


Ныгуылӕйнаг арӕн у Стыр денджыз йӕ былгӕронимӕ, Мысыры арӕнӕй райдай ӕмӕ суанг Хаматы онг. Уый у ныгуылӕйнаг арӕн.


Нырриздзысты Самарийы цӕрджытӕ Бет-Авены гуымирыйы тыххӕй. Йӕ кувджытӕ ӕмӕ йӕ дзуарылӕгтӕ йыл хъынцъым кӕндзысты, йӕ кад куы ӕрбайсӕфа, уӕд.


Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: бӕстӕйыл ӕрхъула кӕндзӕн знаг, дӕ хъомыс дын басӕтдзӕн ӕмӕ дын дӕ фидӕрттӕ сафтид кӕндзӕн.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ