13 Сымах цин кӕнут, Ло-Девары сахар кӕй басастат, ууыл ӕмӕ дзурут: «Ау, Карнаимы сахар нӕхи хъаруйы фӕрцы нӕ бацахстам?»
Уӕд Йоахазы фырт Йоашӕн бантыст, йӕ заманы йын Бен-Хадады фыд Хазаел йӕ фыдӕй кӕй байста, уыцы сахартӕ фӕстӕмӕ йӕхи бакӕнын. Ӕртӕ хатты ныддӕрӕн кодта Бен-Хадады ӕфсӕдты ӕмӕ Израилы сахартӕ фӕстӕмӕ байста.
Йеровоам ногӕй ӕрфидар кодта, Ливаны дӕлвӕзмӕ цӕгатӕрдыгӕй, Хаматы сахарӕй, куы бахизай, суанг уырдыгӕй райдай ӕмӕ Мард денджызы онг Израилӕн раздӕр цы арӕнтӕ уыди, уыдон. Афтӕ сӕххӕст ис, Дунедарӕг Йӕ цагъары, гат-хефераг пехуымпар Амиттайы фырт Ионӕйы уылты цы загъта, уый.
куы цин кодтаин мӕ бирӕ мулкыл, мӕ къухты бӕркадыл;
Ау, искуы ӕз ме знаджы сӕфтыл ферадтӕн, искуы йын йӕ фыдбылызыл бацин кодтон?
Йӕ ныфс гӕбазгай ныввӕййы: йӕ зӕрдӕ цӕуыл дары, уый тӕссонд у, хӕлуарӕджы тынӕй уӕлдай нӕу.
Йӕ хӕдзарыл куы банцой кӕна, уӕд ӕй уый нӕ бауромдзӕн, йӕ тых йӕ бонӕй йыл куы ныххӕца, уӕддӕр йӕ къахыл не слӕудзӕн.
Растадысты зӕххон паддзӕхтӕ, ӕрбамбырд сты иумӕ барджынтӕ Дунедарӕг ӕмӕ Йӕ байсӕрсты ныхмӕ:
Уыцы ран фыдгултӕн ныссаста сӕ зынг фӕттӕ, сӕ уартытӕ ӕмӕ сӕ кӕрдтӕ, тохы хӕцӕнгӕрзтӕ.
Дӕ тӕмӕнӕй ныррухс вӕййы дуне, Ды кадджындӕр — сырдарӕх хӕхтӕй.
Мӕ лӕппу! Цалынмӕ ӕрыгон дӕ, уӕдмӕ дӕ рӕстӕг хъӕлдзӕгӕй ӕрвит, де ’рыгон бонты царды цинӕй бафсӕд; дӕ зӕрдӕйы фӕндиаг, дӕхимӕ хуыздӕр куыд кӕсы, дӕ цӕстытӕн ӕхсызгон цы у, уый кӕн, фӕлӕ зон: дӕ хъуыддӕгтӕн дын Хуыцау тӕрхон кӕндзӕн.
Иотамы фырт Ахаз, Озиайы фырты фырт, Иудейы паддзах куы уыди, уыцы заман Арамы паддзах Рецин ӕмӕ Ремалийы фырт Феках, Израилы паддзах, Йерусалимы ныхмӕ хӕстмӕ рацыдысты, фӕлӕ йӕ сӕ бон бацахсын не сси.
Зӕгъ Ахазӕн: „Лӕмбынӕг кӕс, ӕрсабыр у ӕмӕ мацӕмӕй тӕрс. Дӕ ныфс ма асӕттӕд Рецин ӕмӕ арамейӕгты, стӕй Ремалийы фырты пиллонкалгӕ мастӕй — дыууӕ фӕздӕгкалгӕ ӕхсидавӕй уӕлдай ницы сты уыдон.
«Ацы адӕм Силоамы сабыр доныл нал ӕввӕрсынц, фӕлӕ цин кӕнынц Рециныл ӕмӕ Ремалийы фыртыл,
Мӕ бынтӕ Мын куы фӕдавтат, уӕд цинӕй мардыстут, уӕ цинӕн кӕрон нал уыди. Родтау кӕрдӕгыл гӕппытӕ кодтат ӕмӕ уырсытау уӕ мыр-мыр цыди.
Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Куырыхон хъал ма уӕд йӕ зондӕй, тыхджын — тыхӕй, хъӕздыг — йӕ мулкӕй.
Фехъусын ын кӕн: „Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: фараон, Мысыры паддзах, стыр кӕфхъуындар, Ӕз сыстдзынӕн дӕ ныхмӕ! Нилы донӕфтӕны бадыс ӕмӕ дзурыс, ай мӕ цӕугӕдон у, мӕхицӕн ӕй сарӕзтон, зӕгъгӕ.
Мысыры зӕхх ӕдзӕрӕг тыгъд быдыр фестдзӕн, ӕмӕ уӕд Мысыры адӕм базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый. Ды, фараон, афтӕ загътай, Нил мӕн у, мӕхицӕн ӕй сарӕзтон, зӕгъгӕ.
ӕмӕ загъта: „О стыр Вавилон! Мӕ хъомысӕй, мӕхи кадӕн дӕ мӕ паддзахады сӕйраг сахар скодтон!“
Уайсахат ӕппӕт уыдӕттӕ Навуходоносорыл ӕрцыдысты. Адӕмы ’хсӕнӕй тард ӕрцыди, галау кӕрдӕг хордта ӕмӕ ӕрвон ӕртӕхӕй йӕхи ӕхсадта. Йӕ сӕрыхъуынтӕ цӕргӕсы систау разадысты, йӕ ныхтӕ та уыдысты маргъы ныхтау.
Уӕд Дунедарӕг Хуыцау уым зайӕгой ӕрзайын кодта. Уый Ионӕйӕн йӕ сӕрты акасти ӕмӕ йын аууон дардта, кӕд дзы йӕ маст ферох уаид, зӕгъгӕ. Ионӕ тынг бацин кодта уыцы зайӕгойыл.
Уыцы бон дын Ӕз, Мӕ ныхмӕ цы тӕригъӕдтӕ фӕкодтай, уыдон дӕ цӕстмӕ нал бадардзынӕн, уымӕн ӕмӕ дын де ’хсӕнӕй сӕрыстыр ӕмӕ ӕнӕввӕрсон адӕмы фӕсурдзынӕн, ӕмӕ уӕд Мӕ уаз хохыл схъӕл ныхӕстӕ нал кӕндзынӕ.
Ӕмӕ, мемӕ чи дзырдта, уыцы зӕды бафарстон: «Цы сты адон та?» Уый мын дзуапп радта: «Уыдон сты, Иудей, Израил ӕмӕ Йерусалимы цӕрджыты алы бӕстӕты цы сыкъатӕ ныххӕлиу кодтой, уыдон».
Ӕцӕг цы у, Ӕз уын уый зӕгъын: сымах кӕудзыстут ӕмӕ дзыназдзыстут, дуне та цин кӕндзӕн. Сымах хъыг кӕндзыстут, фӕлӕ уӕ хъыг раивдзӕни цинӕй.
сымах фыр хъалӕй уӕхицӕй ӕппӕлут. Алы ахӕм хиппӕлой ми дӕр фыдбылыз у.
Зӕххыл цӕрджытӕн уый уыдзӕн цины бӕрӕгбон, кӕрӕдзийӕн ӕрвитдзысты лӕвӕрттӕ, уымӕн ӕмӕ сын уыцы дыууӕ пехуымпары уыдысты удхары хос.
Сӕнӕфсирдонмӕ ацыдысты, ӕртыдтой сӕнӕфсир, сӕндуцӕны йӕ ныллӕмӕрстой ӕмӕ куывд скодтой. Сӕ хуыцауы хӕдзары сӕхи ирхӕфстой ӕмӕ цин кодтой. Фынгтӕ равӕрдтой, хордтой, нуӕзтой ӕмӕ Авимелехы фыдгой кодтой.
Дунедарӕджы Фидыды Чырын Израилы рӕсӕнуатмӕ куы ’рбахӕццӕ ис, уӕд адӕмӕн сӕ цины хъӕр афтӕ тынг ныййазӕлыд, ӕмӕ зӕхх ныррызти.