17 Алы сӕндонӕй дӕр хъуысдзӕн кӕуын, уымӕн ӕмӕ Ӕз уе ’хсӕнты ацӕудзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг.
Моисей загъта: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: „Ӕмбисӕхсӕв Ӕз ацӕудзынӕн Мысыры астӕуты,
Уыцы ӕхсӕв Ӕз Мысыры астӕуты ацӕудзынӕн ӕмӕ йын фӕмард кӕндзынӕн йӕ хистӕр фыртты дӕр ӕмӕ йӕ фосы сӕртӕ дӕр. Уый уыдзӕн Мӕ тӕрхон Мысыры ӕппӕт хуыцӕуттӕн. Ӕз — Дунедарӕг!
Дунедарӕг Мысырыл Йӕ азар бафтауынмӕ куы рацӕуа ӕмӕ уын уӕ уӕлкъӕсӕртӕ ӕмӕ уӕ тӕрвӕзтыл туг куы фена, уӕд мӕлӕтхӕссӕг зӕды нӕ бауадздзӕн уӕ хӕдзӕрттӕм бацӕуын, цӕмӕй уӕ ма амара.
Сойджын зӕххыл цин ӕмӕ хъӕлдзӕгдзинадӕн фесӕфти сӕ кой дӕр, сӕндӕттӕй цины зарӕг нал хъуысы. Сӕндондартӕ сӕн нал дуцынц сӕ сӕндуцӕнты, кӕрон ӕрцыди цины хъӕртӕн.
«Моавӕн йӕ дидинӕгкалӕг зӕхх ӕнӕхай фӕци цин ӕмӕ хъӕлдзӕгдзинадӕй. Ӕз сӕндуцӕнты сӕн нал ныууагътон, ӕмӕ уым, цины хъӕр кӕнгӕйӕ, ничиуал дуцы сӕн. Хъӕр райхъуысы, фӕлӕ уый цины хъӕр нӕу.
Уӕд базондзыстут, Ӕз уӕ Дунедарӕг Хуыцау кӕй дӕн ӕмӕ Сионы, Мӕ уаз хохыл, кӕй цӕрын, уый. Йерусалим суыдзӕн уаз сахар, ӕцӕгӕлӕттӕ йыл дыууӕрдӕм нал кӕндзысты.
Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Кӕд сын цӕдисонтӕ ис ӕмӕ ӕнӕнымӕц сты, уӕддӕр бабын уыдзысты ӕмӕ сӕ кой дӕр нал уыдзӕн. Дӕу та, Иудей, кӕд ныронг хъизӕмарӕй мардтон, уӕд нырӕй фӕстӕмӕ афтӕ нал уыдзӕн.
Хӕхты бӕрзӕндтыл фарны уац хӕссӕг рацӕуы. О, Иудей! Кӕн дӕ бӕрӕгбӕттӕ, ӕрхӕсс дӕ фидыды нывӕндтӕ! Ӕнӕхуыцӕуттӕ нал бацӕудзысты дӕ зӕхмӕ, уымӕн ӕмӕ се сӕфт ӕрцӕудзӕн.
Ӕз Мӕ Кувӕндон хъахъхъӕндзынӕн знӕгтӕй, ӕцӕгӕлӕтты йӕм бацӕуын нӕ бауадздзынӕн, тыхгӕнӕг уӕм никуыуал ӕрбабырсдзӕн, уымӕн ӕмӕ Ӕз ныр Мӕ цӕстӕнгас сарӕзтон сымахмӕ.