3 Систы хуынчъытӕй уӕ сахарӕй ракӕндзысты рӕгъӕй ӕмӕ уӕ Хармоны зӕхмӕ баппардзысты, — зӕгъы Дунедарӕг.
сахар ист ӕрцыд. Иудейаг паддзах Цедекиа ӕхсӕвы тары йӕ хӕстон адӕмимӕ лидзӕг фӕци, ӕмӕ, паддзахы дыргъдоны кӕрон сахары дыууӕ сисы астӕу цы кулдуар уыди, ууылты Иорданы дӕлвӕзмӕ раирвӕзтысты. Ныр халдейӕгты ӕфсад та лӕууыди сахары алыварс.
Фӕдагур фӕцыдысты суанг Иорданы онг. Ныр сириӕгтӕ та сӕ фыртагъдӕй фӕндагыл фӕкалдтой сӕ дарӕстӕ ӕмӕ сӕ алы дзаумӕттӕ, ӕмӕ сын сӕ адон куы федтой, уӕд фӕстӕмӕ раздӕхтысты ӕмӕ паддзахӕн хабар радзырдтой.
Уыцы бон алчидӕр, йӕхицӕн кӕй скодта, табу кӕмӕн кодта, уыцы ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин гуымирытӕ аппардзани куырм мыстытӕ ӕмӕ хӕлынбыттыртӕн,
Сымах уӕхицӕн ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин гуымирытӕ скодтат ӕмӕ фӕтӕригъӕдджын стут. Фӕлӕ ӕрцӕудзӕн ахӕм бон, ӕмӕ сӕ уе ’ппӕт дӕр аппардзыстут.
Уыцы бон знӕгтӕ сахары сис басастой. Паддзахы дыргъдоны раз, дыууӕ сисы ’хсӕн, уыди кулдуар. Кӕд халдейӕгтӕ сахарыл ӕрхъула кодтой, уӕддӕр хӕстонтӕ ӕхсӕвы иууылдӕр уыцы кулдуары уылты сахарӕй ралыгъдысты ӕмӕ Аравӕйы ’рдӕм ацыдысты.
Сӕ сӕргъы цы хицау лӕууы, уый дӕр талынджы йе ’ккоймӕ сисдзӕни йӕ уаргъ ӕмӕ рацӕудзӕн. Къул батондзысты, цӕмӕй йӕ ууылты ракӕной. Уый бамбӕрздзӕни йӕ цӕсгом, ӕмӕ ацы зӕхх йӕ цӕстытӕй нӕ фендзӕн.
Куыд дӕ уыной, афтӕ-иу къул батон ӕмӕ-иу дӕ дзауматӕ къахыры уылты рахӕсс.
Уый тыххӕй уацайрӕгтӕн сӕ разӕй ацӕудзыстут, ӕмӕ уӕ хъал цардӕн кӕрон ӕрцӕудзӕнис.
Дунедарӕгӕн Йӕ азары бон куы ралӕууа, уӕд сӕ нӕдӕр се ’взист, нӕдӕр сӕ сыгъзӕрин фервӕзын кӕндзысты. Дунедарӕджы зӕрдӕхсайды арт аныхъуырдзӕн ӕгас зӕхх, уымӕн ӕмӕ ӕппӕт зӕххон цӕрджыты ӕвиппайды бынсӕфт фӕкӕндзӕн.
Адӕймаг дуне ӕгасӕйдӕр йӕхи куы бакӕна, йӕ уд та куы фесафа, уӕд ын уый цы пайда у? Кӕнӕ йӕм, йӕ уд цӕмӕй балхӕна, ахӕмӕй цы разындзӕни?
Галаад Иорданы фале куы цӕры, Дан та цӕмӕн ӕрцарди йӕ науты? Асир дӕр денджызы был куы ’рбынат кодта, донбакӕлӕнтӕм хӕстӕг куы ’рцарди!