5 Ӕз арт бандзардзынӕн Иудӕйыл, Йерусалимы фидӕрттӕ саусыгъд бакӕндзынӕн.
ӕмӕ басыгъта Дунедарӕджы Кувӕндон, паддзахы галуан, стӕй стыр хӕдзӕрттӕ иууылдӕр.
Куынӕ Мӕм байхъусат, сабатбон уын уаз куынӕ уа ӕмӕ уыцы бон Йерусалимы кулдуарыл уӕ уӕргътимӕ куы цӕуат, уӕд Ӕз ацы кулдуар басудздзынӕн, ӕмӕ уыцы ӕнӕ ахуысгӕ арт Йерусалимы галуантӕ иууылдӕр бабын кӕндзӕн».
Уымӕн ӕмӕ Ӕз ацы сахармӕ Ме ’ргом раздӕхтон йӕ фарнӕн нӕ, фӕлӕ йӕ фыдбылызӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. — Вавилойнаг паддзахы къухмӕ лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн ӕмӕ йӕ уый саусыгъд бакӕндзӕн“».
Халдейӕгтӕ басыгътой паддзахы галуан ӕмӕ адӕмы хӕдзӕрттӕ, Йерусалимы систӕ та ныппырх кодтой.
Уый басудзын кодта Дунедарӕджы хӕдзар, паддзахы галуан ӕмӕ Йерусалимы хӕдзӕрттӕ — стыр хӕдзӕрттӕ иууылдӕр саусыгъд бакодта.
Израил йе Сфӕлдисӕджы ферох кодта ӕмӕ галуантӕ фӕцарӕзта. Иудӕ дӕр бырутӕй ӕхгӕд сахартӕ бирӕ сарӕзта, фӕлӕ сӕ Ӕз арты хай бакӕндзынӕн, ӕмӕ сын уыцы арт аныхъуырдзӕн сӕ галуантӕ.
Паддзах Хазаелӕн йӕ хӕдзарыл арт бандзардзынӕн, Бен-Хадады фидӕрттӕ басудздзынӕн,
Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: бӕстӕйыл ӕрхъула кӕндзӕн знаг, дӕ хъомыс дын басӕтдзӕн ӕмӕ дын дӕ фидӕрттӕ сафтид кӕндзӕн.
Сӕ зымӕгон ӕмӕ сӕрдыгон хӕдзӕрттӕ, сӕ пылыстӕгӕй фӕлыст галуантӕ сын ныппырх кӕндзынӕн, ныккӕлдзысты стыр хӕдзӕрттӕ, — зӕгъы Дунедарӕг.
Дунедарӕг Хуыцау мын фенын кодта ахӕм ныв: Дунедарӕг Хуыцау арт ссыгъта, ӕмӕ уый стыр денджыз ӕмӕ зӕххы хай аныхъуырдта.